Стальский, Сулейман
Сулейма́н Ста́льский (æцæг мыггаг — Гасанбеков, лекъ. СтӀал Сулейман; райгуырдис 1869 азы 18 майы — амардис 1937 азы 23 ноябры) уыдис лекъаг поэт, лекъаг литературæйы бындурæвæрджытæй иу, Дагъистаны адæмон поэт.
Сулейман Стальский | |
---|---|
лекъ. СтӀал Сулейман | |
Райгуырды датæ | 1869-æм азы 18 майы[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1937-æм азы 23 ноябры[2] (68 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Жанр | æмдзæвгæ[d], таурæгъон поэзи[d], театралон пьесæ[d], сатирæ[d] æмæ эпиграммæ[d] |
Уацмысты æвзаг | азербайджайнаг[3], лекъаг[3] æмæ уырыссаг[3] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынСулейман Стальский райгуырдис Дагъистаны, Ашага-Сталы хъæуы (ацы цæрæнраны номæй равзæрдис йæ фæсномыг Стальский, лекъагау CтIал Сулейман), Касумкентмæ хæстæг, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ мад амардис Сулейман хæрз сывæллон ма куы уыдис, уæд, æмæ лæппуйы 7 азы кармæ хъомыл кодта сæ сыхаг ус. Сывæллоныл 11 азы нæма сæххæст, афтæмæй амардис йæ фыд. Æртындæс азы йыл куы сæххæст, уæд сидзæр лæппу райдыдта æххуырсты цæуын. Куыста Бакуйы нефтцъирæнты, Самарканды сахары æфсæнвæндæгтыл, уыдис æххуырст кусæг хъæздгуыты хæдзæртты.
Æмдзæвгæтæ Сулейман фыссын райдыдта, куы рахъомыл, уæд. Йæ фыццаг зарæг «Булæмæргъ» фыст æрцыдис 1900-æм азмæ æввахс. Революцийы фæстæ йæ æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цæуын райдыдтой газетты, 1927-æм азы та Мæскуыйы рацыдис, йæ цалдæр уацмысы кæдæм бахастæуыд, уыцы «Лекъаг поэтты æмбырдгонд».
1934-æм азы ДАССР-ы ЦÆК радта Сулейман Стальскийæн Дагъистаны адæмон поэты ном. Советты æппæтдагъистанон X-æм съезды йæ равзæрстой Дагъистаны ЦÆК-ы уæнгæй. 1936-æм азы ССР Цæдисы Централон Æххæстгæнæг комитет схорзæхджын кодта Стальскийы Ленины орденæй.
Сулейман Стальскийы æмдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцыдысты Советон Цæдисы бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагмæ тæлмацæй мыхуыргонд уыдысты газеттæ «Правда» æмæ «Известия».
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Сулейман Стальскі // Беларуская энцыклапедыя: У 18 т. Т. 15: Следавікі — Трыо (белор.) — Мінск: Беларуская Энцыклапедыя імя Петруся Броўкі, 2002. — Ф. 262. — 552 ф. — ISBN 985-11-0251-2
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Сулейман Стальский // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 http://www.cgard.ru/activity/publications/k-150-letiyu-sulejmana-stalskogo.html