Акбар Джелал-ад-Дин Мухаммад (Стыр Акбар; райгуырдис 1542-æм азы 14 октябры — амардис 1605-æм азы 17 октябры) у Стыр Моголты династийы æртыккаг падишах, тимурид, Бабуры фæдон.

Стыр Акбар
арабб. جلال الدين أبو الفتح محمد أكبر‎‎
хинди जलालुद्दीन मुहम्मद अकबर
1556 — 1605
Раздæр чи уыд Хумаюн
Фæстæдæр Джахангир
Райгуырдис 1542-æм азы 15 октябры[1]
Амардис 1605-æм азы 25 октябры(1605-10-25) (63 азы)
Ныгæныны бынат
Мыггаг Великие Моголы[d]
Фыд Хумаюн
Мад Хамида Бану Бегум[d]
Æмкъай 36 бинойнаджы
Сывæллæттæ Джахангир,
Султан Мурад-мирза,
Султан Даниал-мирза,
6 чызджы
Дин пысылмон дин (суннизм)
дин-и иллахи
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Йæ адæмыхатмæ гæсгæ уыдис тюркаг, райгуырд Умеркоты (ныр Пакистаны), уым арвыста йæ царды фыццаг 12 азы. 1555-æм азы йæ фыд Хумаюнимæ ралыгъди Делимæ.

1556-æм азы Хумаюн фæзиан ис, æмæ 14-аздзыд Акбар сси хицауиуæггæнæг. Цыппар азы ма куы рацыди, уæд йæ регент Байрам-ханы ратардта æмæ йæ империйы арæнтæ уæрæхдæр кæнын байдыдта.

Акбар иртæста алыхуызон динтæ, йе ’мбæстонтæн радта дин равзарыны бар. Уый-иу дзырдта: «Æрмæстдæр зонд кæй хорзыл нымайы, уыцы дин раст у» æмæ «Иуæй-иу æдылытæ, традициты уарзджытæ, сæ фыдæлты æгъдау зонды амындыл нымайынц æмæ уымæй сæхи худинаг кæнынц æнусмæ». 1582-æм азæй уый парахат кодта йæхи динон ахуырад, дин-и иллахи («Хуыцауы дин»), уыцы дин уыд пысылмон дин, индуизм, зороастризм æмæ чырыстон дины синтез. Йæ архайд нæ фæрæстмæ, зæгъæн ис, æмæ уый уыди иунæг ахæм адæймаг, йæхи диныл чи æууæндыди.

Акбар фæзиан ис 1605-æм азы, йæ бынаты сбадти йæ фырт Салим, Джахангиры ном райста, афтæмæй.

 
Визир Абу-л Фазл дæтты Акбарæн чиныг «Акбарнаме». Миниатюрæ. 1596—1597 азтæ. Библиотекæ Честер Битти, Дублин

Литературæ

ивын
  • Б.Гаскойн. Великие моголы. М. 2003.

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын