Дин-и иллахи
Дин-и иллахи (арабб. دين إلهي «Хуыцауы дин») у, император Стыр Акбар кæй скодта, уыцы синкретон дины доктринæ. Дины бындуры сты индуизм, ислам æмæ иуæй-иу æндæр динты элементтæ (чырыстон дин, джайнизм æмæ зороастризм). Акбары ныфс уыди йе ’мбæстæгты æрбаиу кæнын ног дины æххуысæй.
Акбары хъæппæрисы фæрцы пысылмон дунейы фæзындысты æндæр динты табуйаг чингуыты араббаг тæлмацтæ, уыдоны ’хсæн «Рамаянæ», «Махабхаратæ» æмæ Евангели.
Дин-и иллахийы фæдонтæ бирæ никуы уыдысты. Ног ахуырад уыдис дин нæ, фæлæ этикон системæ. Акбары дины хи табуйаг тексттæ кæнæ сауджынты иерархи никуы уыди.
Литературæ
ивын- Makhan Lal Roy Choudhury 1952 (1985): The Din-i-Ilahi or the Religion of Akbar, Calcutta: Dasgupta & Co. (Oriental Books Reprint Corporation); ASIN B0007JXFZG
- «Children’s Knowledge Bank», Published 2004 (Pustak Mahal), ISBN 81-223-0292-0