Сунгари
Сунгари (китайагау 松花江, sōng hūa jīang; уырыс. Сунгари) у цæугæдон Китайы цæгат-скæсæны, æфты Амурмæ. Сунгарийы былтыл лæууынц цалдæр цæрæнраны, уыдоны ’хсæн стыр сахартæ Гирин, Харбин, Цзямусы.
Сунгари | |
---|---|
Характеристикæ | |
Дæргъ | 1927 км |
Бассейны фæзуат | 524 000 км² |
Бассейн | Амур → Охотæйы денджыз |
Доны хардз | 2470 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Цзилинь |
Донæфтæн | Амур |
Ран | |
Сунгарийы цæугæдон регионы картæйыл | |
Паддзахад | Китай |
Сунгарийы ленк кæнынц, асæй рæстæмбис чи у, ахæм наутæ — Харбинæй дæлæмæ.
Ноябрæй мартъийы онг Сунгарийы дон сæлы, лæууы ихæй æмбæрзт.