Сурам (гуырдз. სურამი) у сахарæнгæс цæрæнран (посёлок) Гуырдзыстоны; у зындгонд курорт.

Посёлок
Сурам
гуырдз. სურამი
42°01′10″ с. ш. 43°33′45″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Регион Мидæггаг Картли
Муниципалитет Хашуры муниципалитет
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 7492[1] адæймаджы (2014)
Сурам (Гуырдзыстон)
Сурам (Мидæггаг Картли)
Сурам (Хашуры муниципалитет)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сурам æрбынат кодта, Гуырдзыстон ныгуылæн æмæ скæсæн хайыл чи дих кæны, уыцы Лихы рагъы хуссарварс. Баст у районы центр Хашуримæ æфсæнвæндаджы фæрцы. Астæузаманы (XII–XIII), стратегион Сурамы æфцæгмæ хæстæг чи уыди, уыцы цæрæнранæй скодтой дынджыр фидар. Уыцы фидар ныронг у уыцы регионы сæйрагдæр фенддæгтæй иу.

Уыцы фидар саразыны тыххæй таурæгъ радзырдта йæ уацмысы фыссæг Даниэл Чонкадзе (18301860), фæстæдæр чиныгмæ гæсгæ режиссёр Сергей Параджанов систа киноныв «Сурамы фидары тыххæй таурæгъ» (1984).

XII—XV æнусты Сурамы хицæуттæ уыдысты, сæхицæн мыггаг Сурамели чи райста, уыцы ерыстаутæ. XVII—XVIII азты фидар рацарæзтæуыд æмæ пайдагонд цыди Гиви Амилварийæ персы ныхмæ хæстæмбæлдтыты, фæстæдæр амаддзаг уыди Уæрæсейы æфсады базæ уырысы-турчы хæсты (1768–1774-æм азты).

Гуырдзыстон Уæрæсейы империйы скондмæ бацæуыны (1801) фæстæ Сурам парахат кæнын райдыдта куыд курорт.

1926-æм азæй Сурам у сахарæнгæс цæрæнран.

Сурамы фенддæгтæй иу у Мады Майрæмы æмæ Сыгъдæг Георгийы аргъуантæ. Цæрæнраны ис цалдæр санаторийы.

Советон заман Сурамы уыди авджы тарæйы, сæны æмæ консервгæнæн заводтæ. Посёлочы ма амал кодтой дзæнхъадур.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014. საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 27 ივლისი 2016.