Схуалийы уæйыг
Схуалийы уæйыг — цæры Уарпы хохы фале. Нартимæ се ’хсæн ис аст боны æмæ аст æхсæвы цыд дæрддзæг. У тыхджын æмæ фыдцъылыз, Нарты знаг.
Нарты Быцеджы куы амардта, уæд æм йæ фырт Сидæмон, Ацæмæз æмæ иннæ гуыппырсартæ марынмæ ацыдысты. Тыхгæнæг ын тых нæ ардта. Сидæмон ыл бæргæ тых кодта, фæлæ йæ мæлæт йæхи чысыл кардæй уыд æмæ, цалынмæ уый йæ къухы бафтыд, уæдмæ йын ницы фæрæз ардта.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.