Гуыппырсартæ кæнæ Нарты гуыппырсартæ — Нарты разагъды адæм: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз, Айсана, Сæууай, Мæргъуыдз, Арæхдзау, Сыбæлц æмæ иннæтæ.

Нæртон гуыппырсартæ сты сæ адæмы ныфс æмæ сæрхъуызой — зын æмæ тæссаг уавæрæй сæ чи фервæзын кæны, ахæмтæ. Нарты гуыппырсартæ цæуынц афæдз балцыты, стæрты. Суанг уæларвмæ дæр. Рæстдзинад агурæг, хъару æмæ æхсар равдисынмæ. Ничи сыл уæлахиз кæны. Хæларæй цæрынц уæларвон зæдтимæ, се знæгтæ сты уæйгуытæ æмæ тыхгæнæг адæмтæ. Алыхуызон тохты фæмард вæййынц Хæмыц, Сослан æмæ Батрадз. Иннæтæ, сæ сæргъы Уырызмæг, афтæмæй бирæ тыхгæнджыты тых басастой. Нал сын уыд, сæ тых кæимæ бавзæрстаиккой, ахæм. Æмæ сæ уæд арвы кæлæн, зæххы фыдæх Сырдон Хуыцауы ныхмæ сардыдта. Уыцы æнæмдых тохы æрцыд се сæфт Нарты гуыппырсартæн дæр æмæ æппæт Нартæн дæр[1].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.