Сывæллон (саби дæр) у адæймаг йæ райгуырдæй æмæ асджын цалынмæ не свæййы, уæдмæ. Сабибонты æмгъуыд культурæйæ культурæмæ иухуызон нæу. Паддзахæдтæй фылдæр хай 18 азæй къаддæр кæуыл цæуы, уыдон сывæллæттæ хонынц; уыцы терминтæй афыссы сывæллоны статус Сывæллоны барты тыххæй конвенци дæр.

Гыццыл чызг æмæ йе ’фсымæр. Афгъанистан

Сывæллæтты низтæ æмæ æнæниздзинад чи иртасы, уыцы медицинæйы къабаз хуыйны педиатри.

Иугонд Нациты Организаци йæ генералон ассамблейы 1989-æм азы цы Сывæллоны барты тыххæй конвенци сфидар кодта, уымæ гæсгæ алы сывæллонæн дæр ис йæ ныййарджыты зоныны бар æмæ ма бирæ æндæр бартæ. Уыцы конвецимæ гæсгæ сывæллæты интерестæ сты æхсанады интерестæй уæлдæр, ома сывæлæтты хъæуындзинæдтæн ис приоритет.