Сыгъдæг Георгийы кафедралон собор (Дзæуджыхъæу)

Фæхъизæмаргæнæг Уæлахиздзау Георгийы кафедралон собор (аргъуан) у православон аргъуан Дзæуджыхъæуы. У Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы епархийы сæйраг собор.

Сыгъдæг Георгийы кафедралон аргъуан

Истори ивын

Дзæуджыхъæуы сахарсоветы уынаффæмæ гæсгæ (№249, 1991 азы 30 август) æнæмгъуыдæй пайда кæнынæн Дзæухъыхъæуы территорийыл радих чындис зæххы хай, цæмæй дзы арæзт æрцæуа Фæхъизæмаргæнæг Уæлахиздзау Сыгъдæг Георгийы собор Дзæуджыхъæуы территорийыл. Собор аразын райдыдтой 1996-æм азы 18 октябры.

Бындурæн райстæуыд, XX æнусы райдиан Дзæуджыхъæуы чи уыдис, уыцы кафедралон собор. Аргъуан амайыны сæйраг куыстытæ конд æрцыдысты 2003-æм азмæ.

Клир ивын

БæрнджынЦæгат Ирыстоны православон аргъуанты благъоц протоиерей Василий Шауэрман, иерей Александр Пикалёв, иерей Остъаты Тимофей.

Соборы адрис ивын

362003, РЦИ-А, Дзæуджыхъæу, Барбашовы уынг, 38. Тел.: 8-8672-75-65-65.