Тæрхон:Разазиаг фæранк
Ацы сырд ис ирон гербыл?
ивынИрон конституцитæ уырыссаг æвзагыл фыст кæй сты, уый тыххæй кæронмæ бæрæг нæу, гербыл цы сырд ис, уый. Гæнæн ис исчи схæццæ уа. Конституциты уырыссагау фыст ис æмæ гербы сырд у барс. Уырыссаг æвзаджы барсæн ис дыууæ нысаниуæджы: иу - ирæттæ цы фæранк зонынц, уый, иннæ та астæуккаг азийы фæранкы хуызæн гæды, кæцы ирæттыл никуы фембæлд (фæстаг ссæдз æнусы дæргъы уæддæр). Фыццаг сæ у фæранк. ([1] [2])
Нысаниуджыты шаблон та, мæнмæ гæсгæ хъæуы айсын, уымæн æмæ ирон æвзаджы «барсы» проблемæ нæй. «Барс» ирон ныхас нæу.--Bouron (ныхас) 15:41, 20 январы 2013 (UTC)
"Переднеазиатский леопард"?
ивынФырæнк тæккæ "персайнаг леопард" кæй у, уый уæм чи зæгъта? Ис дзы цыдæр зоологион чингуытæ кæнæ дзырдуаттæ, ахæм классификаци йын кæм дæттынц, æви уæ хион "творчество" у? Skilurus (ныхас) 08:19, 13 сентябры 2014 (UTC)
- Зындгонд цыдæр у, зæгъæм фенут http://kuduhov.livejournal.com/10084.html Amikeco (ныхас) 01:07, 14 сентябры 2014 (UTC)
- Æркæстон уыцы пост, фæлæ цæй тыххæй фæрстон, уый дзы не ссардтон. Kuduhov фыссы, фырæнк æмæ ирбис иухуызон сырдтæ кæй не сты æмæ ирон æвзаджы фырæнкæй леопарды кæй хонынц, уый. Фæлæ æрмæст "персайнаг леопард" уыцы дзырд кæй нысæн кæны, уый дзы ничи нæ зæгъта. Мæнмæ гæсгæ уыцы уац хъуама уа æппæт леопардты хуызы тыххæй, æрмæст йæ кавказаг дæлхуызы нæ фæлæ. Кавказаг\персайнаг фырæнкæн гæнæн ис æндæр номимæ уац саразын. Skilurus (ныхас) 20:03, 15 сентябры 2014 (UTC)