Разазиаг фæранк, зонгæ дæр куыд персайнаг кæнæ кавказаг фæранк (лат. Panthera pardus ciscaucasica кæнæ Panthera pardus saxicolor) у стыр гæдытæм хауæг цæрæгой. У фæранкты дæлхуыз, æмæ се ’хсæн у æппæты стырдæр дæлхуыз. Разазиаг фæранктæ æмбæлынц Кавказы хæхты, Ираны цæгаты, Турчы скæсæны æмæ Раззаг Азийы цыдæр рæтты. Фæранктæн фесæфын тас у. Сæ нымæц иу минмæ æввахс у æмæ цъусдæр кæны.

Разазиаг фæранк
Разазиаг фæранк
Фæранк
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Æхсырæйхæсджытæ
Къорд: Хомхортæ
Бинонад: Гæдыхуызтæ
Мыггаг: Пантерæтæ
Хуыз: Фæранк
Дæлхуыз: Разазиаг фæранк
Латинаг ном
Panthera pardus ciscaucasica (Satunin, 1914)
Ареал
къам


Адæмимæ ахастытæ

ивын

Фæранк у Ирыстоны ахсджиаг символ, ис Цæгат Ирыстон — Алани æмæ Хуссар Ирыстоны гербтыл.[1][2]

Уырыссаг æвзагыл арæх йæ хонынц кавказаг барс (уырыс. кавказский барс) æмæ уый тыххæй арæх йæ хæццæ кæнынц митын фæранкимæ, уырыссаг æвзагыл барс дæр кæй хонынц, уыимæ. Разазиаг фæранкæй уæлдай митын фæранк Кавказы никуы цардис, æмæ уый тыххæй Ирыстоны гербыл йæм уæвæн нæй. Фæлæ уæддæр цымыдисаг у уый, æмæ Вахушти Багратионийы оригиналон нывы фæранкæн урс хуыз уыдис, æмæ уый цы цæрæгойы дзы нынныв кодта, уый бæрæг нæу.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Хуссар Ирыстоны гербы тыххæй закъон.(недоступная ссылка). Датæ: 2013-æм азы 20 январы. Архив 2016-æм азы 5 мартъийы.
  2. Цæгат Ирыстоны гербы тыххæй закъон.