Тæтæйраг Википеди

Тæтæйраг Википеди (тæт. Татар Википедиясе) у Википедийы хайад тæтæйраг æвзагыл. Кусын райдыдта 2003-æм азы 15 сентябры. Фыццаг статьятæ дзы фыстой латинаг алфавитæй, ныртæккæ та архайджытæ бадзырдтой дыууæ тæтæйраг алфавитæй æмбарæй пайда кæнын.

Тæтæйраг Википедийы логотип

2009-æм азы декабры Тæтæйраг Википедийы статьяты нымæц 5000 статьяйы фылдæр сси. Уыцы азы та Тæтæйраг Википеди бацæхста фыццаг бынат конкурс «Татнеты стъалыты» номинаци «Мадæлон æвзаджы».