Тет (бæрæгбон)
Тет (вьет. Tết, æххæст ном у Тет Нгуен Дан вьет. Tết Nguyên Đán) фылдæр хъуыстгонд у йæ цыбыргонд ном Tet-æй, у тæккæ ахсджиагдæр æмæ популярондæр бæрæгбон Вьетнамы. Уыцы бæрæгбон у Вьетнамы Ног аз мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Китайы æмæ Вьетнамы бæрæгбон Тет бæрæг кæнын райдайынц азы фыццаг райсом куы æрлæууы уæд йæ ном та райста китайаг символтæй 节元旦.
Тет фæбæрæг кæнынц иу рæстæджы китайаг Ног азимæ. Бæрæгбон байдайы фыццаг мæйы фыццаг бонæй, мæйы къæлиндармæ гæсгæ (январы кæронмæ кæнæ фæвралы райдиантæм æввахс) æмæ цæуы æртæ боны. Тет фæбæрæг кæнынц бирæтæ — чи фæзмыны сæ китайаг фыдæлты æгъдæуттæ. Вьетнамæгтæй бирæтæ бæрæгбонмæ цæттæ кæныны рæстæг аразынц сæрмагонд хæринæгтæ æмæ æфснайынц хæдзар. Ис бирæ хъуыддæгтæ кæдон фæаразынц бæрæгбоны фæткмæ гæсгæ, зæгъæм хæдзарæй фыццаг ракъахдзæф ног азы фыццаг бон (xông nhà), фыдæлты зæрдыллæууæн, ног азы арфæтæ, лыстæг згъæрæхцатæ фæуарынц сывæллæттæн æмæ зæрæдтæн, байгом вæййы бæрæгбоны базар.
Тет ма ноджы æфсон вæййы уазæгуæтты цæуын æмæ бинонтæн бæрæгбон саразынæн. Теты рæстæг вьетнамæгтæ хъуамæ бабæрæг кæной сæ хæстæджыты æмæ кувæндæттæ, ферох кæной зæронд азы проблемæтæ æмæ зæрдæ дарой, ног аз сын хорздзинæдтæ кæй æрхæсдзæн, ууыл. Афтæ нымад у æмæ ма Теты бæрæгбоны фыццаг бон у уалдзæджы райдайæн æмæ ма йæ уымæн арæх фæхонынц Hội xuân (Хой суан), тæлмацы дæтты «Уалдзæджы бæрæгбон».
С 1975-æм азæй 2100-æм азмæ ис афтиддæр цыппар цæвиттоны, мæймæ гæсгæ Ног аз Вьетнамы æмæ Китайы иу рæстæгмæ куы не 'рхауынц уæд, мæнæ уыцы датæтæ:
Аз | Вьетнамы Ног аз Vietnamese New Year date |
Китайы Ног аз Chinese New Year date |
---|---|---|
1985 | 21-æм февралы | 20-æм февралы |
2007 | 17-æм февралы | 18-æм февралы |
2030 | 2-æм февралы | 3-æм февралы |
2053 | 18-æм февралы | 19-æм февралы |
Æрвитæнтæ
ивын- Vietnamese New Year and its customs
- Travel Essay about Tet by a Vietnamese-American
- Tet Nguyen Dan (Vietnamese New Year) Celebration Архивгонд æрцыдис 24 июны 2012 азы.
- Lunar New Year Архивгонд æрцыдис 30 январы 2008 азы.
- Tet Nguyen Dan from Vietnam Tourism
- Asian-Nation: Têt, A Celebration of Rebirth
- Tết definition on VDict
- How to compute the Vietnamese calendar
- The Vietnamese new year is a time of symbolism, celebration and plenty Архивгонд æрцыдис 28 июны 2008 азы.
- Tet in Seattle (Photos Архивгонд æрцыдис 11 февралы 2009 азы.)
- Videos: 10th Annual Vietnamese "Tet"Spring Parade in San Jose 02/18/2007 (and Photos Архивгонд æрцыдис 15 октябры 2007 азы.) and 25th Annual Tet Festival in Little Saigon, California