Ног аз
Ног аз — бæрæгбон, бæрæггонд цæуы тынг бирæ адæмыхатты æхсæн, цы къæлиндартæй пайда кæнынц уыдонмæ гæсгæ аллы хуызон рæстæджы æмæ аллы хуызон æгъдæуттæй бæрæггонд æрцæуы дунейы аллы рæтты. бæрæг æй фæкæнынц фæстаг бон зæронд азæн куы фæцæйивгуыйы æмæ ног азы фыццаг бон куы рацæйлæууы уæд. Ног азы бæрæггæныны æгъдау уыдис нырид Месопотамийы 3 мин азы нæ эрæйы агъоммæ.
- Ног аз (григорион къæлиндар) — дунæйы тæккæ уæрæхдæр кæй бæрæг кæнынц, уыцы ног аз.
- Ног аз (юлион къæлиндар) — зæронд ног аз, къæлиндарты баивдимæ баст у йæ истори.
- Ногбон — ног аз Ирыстоны.
- Новруз (перс. نو روز — Ног бон ирайнаг æвзæгтæй) ирайнаг ног аз, фæстæдæр рапарахат бирæ адæмыхаттыты астæу.
- Китайаг ног аз — бæрæггонд вæййы мæй ног куы вæййы зымæгон хурхæтæны фæстæ иу цикл раивгæйæ.
- Тет — вьетнамаг ног аз.
- Бенгайлаг ног аз — бæрæггонд æрцæуы 14 апрелы.
- Рош Ха-Шана — дзуттæгты ног аз.
Ацы нысаниуджыты фарс æвдисы æмхуызон нæмттæ цы уацтæн ис, уыдон. Кæд æндæр уацæй æрбацыттæ ардæм, уæд, дæ хорзæхæй, ардæм цы æрвитæн æрвиты, уый йæ нысаниуæгмæ фæив. |