Тменатæ (уырыс. Тменовы) сты ирон мыггаг.

Тменатæ
Бындурæвæрæг Тмен
Æрвадæлтæ Дзуццатæ, Огъуатæ, Хуыгистатæ, Цæкулатæ
Кæм цардысты Дæргъæвс

Тменаты мыггаджы сæрæвæрæн, йæ тæккæ райдиан цæуы Тменæй (уымæн йæ мыггаг ничи зоны). Тмен райгуырд Хохы Дæргъæвсы, уым схъомыл, сарæзта хæдзар æмæ цардис. Рауадис дзы таурæгъты дзуринаг цуанон. Куыд фæзæгъынц, цъиуы цæст дзы нæ ивгъуыдта, ахæм дардмæ уынаг æмæ рæстдзæвин цуанон уыдис.

Тменæн уыдис цыппар æфсымæры: Дзуц, Цæкул, Хуыгист æмæ Огой. Уыдонæй фæстагмæ равзæрдысты ахæм мыггæгтæ: Дзуццатæ, Цæкулатæ, Хуыгистатæ, Огъуатæ æмæ йæхи номæй та — Тменатæ. Ацы мыггæгтæ абон дæр ма æрвадиуæг кæнынц, сæхи хонынц æфсымæртæ æмæ хотæ. Кæрæдзийæ чызджытæ нæ хæссынц, уымæн æмæ сæ уидаг иу у.

Зынгæ Тменатæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын