Дзуццатæн се ’рвадæлтæ сты Тменатæ, Огъуатæ, Хуыгистатæ æмæ Цæкулатæ

Дзуццатæ (уырыс. Дзудцевы, Дзудцовы, Дзуцевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Дзуццатæ, дам, кæмдæр Гуырдзыйы цардысты. Уым сын æндæр мыггаг уыд. Иуахæмы лæг амардтой, æмæ сын уым цæрæн нал уыд. Уæд ралыгъдысты æмæ Дæргъæвсы коммæ æрæфтыдысты. Уым сæ мыггаг аивтой — сæ хистæр Дзуцц хуынди æмæ уымæ гæсгæ Дзуццатæ систы. Сæ æрвадæлтæ сты Огъуатæ, Тменатæ, Цæкулатæ, Хуыгистатæ. Тмен чи уыди, уый Дæргъæвсæй алыгъди, æмæ, уæртæ Санибагомы Тменыхъæу кæм и, уым æрцарди. Æмæ хъæу уый номыл сси. Æвæццæгæн, уæды онг уым цæрæг нæ уыди.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ

ивын