Токаты Инусы фырт Алихан (райгуырдис 1893-æм азы — амардис 1920-æм азы) у ирон драматург, поэт æмæ публицист, фыццаг ирон сонеты автор.

Токаты Алихан
Райгуырды датæ 1893
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1920
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

Токаты Алихан райгуырдис 1893-æм азы июлы Дæргъæвсы хъæуы бирæзæнæгджын зæххкусæгон бинонты. Йæ райгуырæнбоны датæ бæлвырдгонд нæу, кæцыдæр биографтæм гæсгæ, Алихан райгуырд 1895-æм азы[1] 1907-æм азы фæцис дæргъæвсаг дыууæкъласон дины скъола. Чи йæ зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, скъола фæци кады гæххæттимæ. Дарддæр ын нал уыд ахуыр кæныны фадат, раздæхт фæстæмæ æмæ йæ бинонтæн æххуыс кодта хæдзарон куыстыты. Уый фæстæ йæ мад Дзгойы æмхæрæфырты æххуыссæй бацыд Санибайы скъоламæ, уым каст фæцис цыппарæм къласс.

1912-æм азы Алихан каст фæцис Бакуйы денджызон техникум, уый фæстæ бацыд училищемæ æмæ дзы фæахуыр кодта 1916-æм азы октябры онг. Бакуйы базонгæ ис революционертимæ, иста хайад большевикты сусæг змæлды. Уыцы æзты Бакуйы уыди бирæ ирон фæсивæд, архайдтой се ’взаг, сæ адæмы культурæ, сæ хæхты фарн хъахъхъæныныл. Алихан ахуыры рæстæджы фæцалх литературон куыстыл дæр.

1916-æм азы фæззæджы амард Алиханы фыд Инус æмæ октябры поэт ныууагъта йæ ахуыр æмæ раздæхт Ирыстонмæ. 1917-æм азы бацыд ирон революцион-демократон парти «Кермен»-мæ. Æнувыдæй архайдта Цæгат Кавказы революцион змæлды. Иста хайад Терчы облæсты II съезды куысты Гуымы Хъæрмæдоны, уым æй равзæрстой Терчы республикæйы уæлдæр орган — Адæмон Советмæ.

Сфæлдыстад ивын

Токаты Алихан фыссын райдыдта 1909—10-æм æзты. Уæды фыст æмдзæвгæтæ йæ тетрады баззадысты. Уыцы æмдзæвгæты ’хсæн сты «Иунæджы бон», «Амонд», «Дуне», «Хур» æмæ а.д. Æмдзæвгæтæй уæлдай ныффыста драмæ æмæ публицистикон æрмæджытæ дæр. Классикон сонеты формæйы у фыст йе ’мдзæвгæ «Цыкурайы фæрдыг», йæ сюжеты бындур ис адæмон мотив алæмæты фæрдыгы тыххæй, кæцы аххæст кодта йæ хицауы фæндтæ. Токаты фыста æмбисæндтæ дæр: «Хæрæг æмæ булæмæргъ», «Уасæг, хъаз, бабыз æмæ гогыз». 1912-æм азы кæнæ 1913-æм азы ныффыста йæ пьесæ «Урс сынтытæ», сценæйыл æй сæвæрдта Бакуйы ирон драмон къорд 1914-æм азы февралы. Уыцы пьесæ хауы йæ рагон сфæлдыстадмæ æмæ дзы ахсы уæлдай ахсджиаг бынат[2].

Фæстæдæры цард æмæ мæлæт ивын

1920-æм азы Алихан райдыдта кусын Ирыстоны зылды революцион комитеты зæхгуысты хайады Джызæлы районы ревкомы сæрдарæй. Бирæ фæндтæ уыд æвзонг поэтæн, фæлæ хъыгагæн йæ къухты нæ бафтыдысты. Уыцы аз Токаты Алихан фæрынчын тифæй æмæ сыстынхъом нал уыд. Йæ мæлæты размæ Алиханы хо фехъуыста топпы гæрах: йæхæдæг систа йæхимæ къух æви знаджы нæмыгæй амард, уымæн ничи ницы базыдта. Ныры онг дæр йæ мæлæты аххоссаг бæлвырд нæу. Поэты баныгæдтой Дæргъæвсы, рагон æгъдаумæ гæсгæ йын йæ чырыны нывæрдтой йæ къухфыстытæ дæр. Фæлæ 1953-æм азы Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институт поэты ингæн куы райгом кодта, уæд гæххæттæ уым нал разындысты.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Поэты мæсыг, Хъодзаты Æхсар. — Дзæуджыхъæу, 2020
  2. Токаты Алихан. Уацмыстæ — Дзæуджыхъæу, ИР, 2004

Литературæ ивын

  • Токаев Алихан Инусович // Бибоева И. Г., Казиты М. Р. Писатели Осетии: Библиографический справочник. — Владикавказ: Ир, 2015. — С. 115—117. — ISBN 978-5-7534-1499-01
  • Алихан Токаты, Уацмыстæ // Дзæуджыхъæу «Ир̈», 2004

Æрвитæнтæ ивын