Краснода́р (1920-æм азы агъоммæ — Екатеринодар) у сахар Уæрæсейы, Краснодары крайы административон центр[2]. Цæрынц дзы 829,7 мин цæрæджы (2016). Краснодарæй Сау денджызмæ 120 км ис, Азовы денджызмæ — 140 км æмæ Мæскуымæ та — 1300 км[3]. Краснодар æд йæ алфамбылай лæугæ хъæутæ у муниципалон сконд сахар Краснодары мидæг, скондæн ис сахарон зылды статус.

Сахар
Краснодар
уырыс. Краснодар
Тырыса Герб
Тырыса Герб
45°02′ с. ш. 38°59′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Краснодары край
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1793
Раздæры нæмттæ 1920 азы агъоммæ — Екатеринодар
Сахар кæдæй 1867
Фæзуат 840 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1 121 291[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 861
Посты индекстæ 350000-350921
krd.ru(уырыс.)(англ.)
Краснодар (Уæрæсе)
Краснодар (Краснодары край)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Краснодары сахар у Цæгат Кавказ æмæ Хуссар федералон зылды ахсджиаг экономикон æмæ культурон центр. Хонынц æй Хъобаны сæйраг сахар дæр[4][5], æмæ Уæрæсейы Хуссары сæйраг сахар дæр[6][7][8][9][10].

РБК куыд фехъусын кодта, 2013-æм азы Краснодар уыдис æппæт Уæрæсейы тæккæ рæзгæ сахар[11].

Географи

ивын
 
Космосæй ист Краснодары къам, спутник Sentinel-2, 2018 азы 8 сентябры

Краснодар æрбынат кодта Скæсæйнаг-Европæйаг быдыры, Хъобаны дæлвæзы, Краснодары крайы астæумæ хæстæг, цæугæдон Хъобаны рахиз фарсыл. Сахары рельеф у сабыр, быдираг, ныллæгдæр кæны цæгатырдæм. Денджызы æмвæзадæй Краснодар у 19-32 м бæрзонддæр.

Цæгатæй хуссармæ Краснодар кæны 20,6 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ та — 30,1 км. Сахары фæзуат у 339,31 км²[12].

Краснодар кæм лæууы, уыцы ран зæххæнкъуыстытæй тæссаг у. Тыхджын зæххæнкъуыст сахары никуы уыдис, фæлæ 1978-æм æмæ 2002-æм азты регистрацигонд æрцыдысты 4-5 баллы кæмæн уыд, ахæм зæххæнкъуыстытæ[13].

Сахары бынат тынг пайдайаг у экономикон цæстæнгæсæй. Сау денджызмæ сахарæй фæндаг у 78 км даргъ.

Бæстыхъæд

ивын

Красондар лæууы ромыл бæстыхъæды хуссар арæныл, ис ын континентонæй субтропиконмæ рацæугæ бæстыхъæд (Cfa Кёппены классификацимæ гæсгæ).

Краснодары вæййы даргъ æмæ тæвд сæрд, цыбыр æмæ фæлмæн зымæг, кæцы райдайы январы фыццаг бонты.

Экологи

ивын

Краснодары экологи йæ сæрæн нæу. Æппæты актуалон проблемæ у, хæдтулгæтæ цы фæздæг калынц, уый. Сæйрагдæр магистралтæ кæм цæуынц, уыцы рæтты зианхæссæг буаргъæдтæ сты æдас къæпхæнæй фылдæр[14].

2015 азы кæронмæ алы 1000 краснодайрагмæ хауы 437 хæдтулгæйы, ома Уæрæсейы алы æндæр горæтæй фылдæр (Мæскуыйы мин адæймагмæ ис 417 хæдтулгæйы). Сæрды та хæдтулгæты нымæц рæзы иннæ регионтæй рбацæугæ адæмы руаджы[14].

Уæддæр Æрдзон ресурсты министрадмæ гæсгæ Краснодары уæлдæф у бæстæйы æртыккаг сыгъдæгдæр (500 мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, уыцы сахарты хсæн)[15].

Гидрографи

ивын

Сахары ууылты цæуы Хъобаны цæугæдон, Цæгат Кавказы стырдæр дон. Йæ дæргъ у 870 км, бассейны фæзуат та — 57900 км². Цæугæдоны быдираг хайыл ис цалдæр донæвæрæны.

 
 
 
 
Краснодары донæвæрæн. Хъобаны цыд сахары мидæг. Хъобаны цæугæдон.

Микрорайон Хъобаны былгæрон.

Уæллаг Покровскоейы цады уынд

(Карасун).

Истори

ивын
Рагон истори

Ныгуылæн-Кавказаг археологион экспедицийы рардтытæм гæсгæ сахары мидæг ссардæуы меотаг цæрæнраны хæлддзæг, уыцы цæрæнраны адæм цардысты IV-III æнусты нæ эрæйы агъоммæ. Краснодармæ ’ввæхс Хъобаны дон-дон уыдис Боспораг паддахады фидаргонд сахар.

Ног рæстæг
 
Хъобаны хъазахъхъаг æфсады 200 азы сæххæсты кадæн обелиск

1860 азы Екатеринодар сси Хъобаны облæсты центр. Сахары статус уый райста 1867 азы. Регионмæ æфсæнвæндаг куы бауагътой, Краснодар райрæзти æмæ сси æппæт Цæгат Кавказы ахсджиаг транспортон æлхынцъ[16].

 
Сырхæфсæддонты кадæн обелиск.

Мидхæсты рæстæг Екатеринодар уыд Урс Хуссары сæйраг сахар[17][18][19][20].

1920 азы 17 мартъийы сахар байстой РККА-йы æфсæддонтæ. Хицæуиуæг кæнын байдыдта Хъобаны æххæстгæнæг комитет. Уыцы иу аз Мидхъуыддæгты наркоматы уынаффæмæ гæсгæ сахары ном баивтой Краснодарыл[21].

Советон дуг

1922-36 азты Краснодары бадтис Адыгъейаг автономон облæсты æххæстком дæр, ома сахар Адыгъейы сæйраг сахары роль хъазыди, фæлæ Адыгъейаг облæсты сконды нæ уыдис[22].

1933 азы скуыста аэропорт «Пашковский».

1942 азы 9 августы сахар байстой немыц æмæ се ’мцæдисонтæ. Оккупацийы рæстæг фæмардысты 13 минæй фылдæр советон граждæнтæ[23]. 1943 азы 12 февраля сахар ссæрибар кодтой Сырх æфсады хæстонтæ.

Цæрджытæ

ивын

Советон Цæдис куы фехæлдис, уæд æппæт Уæрæсейы цæрджыты нымæц кодта къаддæр, фæлæ Краснодары цæрджыты нымæц æрмæстдæр рæзы. Сахармæ цæрынмæ æрбацæуынц, Цæгаты чи фæкуыста, уыцы адæм[24][25].

Иу кæнæ дыууæ хатты сахары администраци не схъæр кодта, милуан цæрæгæй фылдæр горæты кæй ис, уый[26]. Фæлæ цæрджыты сфыстмæ гæсгæ уыцы нымæц адæм нæма цæрынц Краснодары.[27].

Националон сконд

ивын

2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ:[28]

Адæмыхатт Нымæц,
ад.
Адæмыхатт чи
бацымыдтой,
уыдоны хай
 %
уырыссæгтæ 654 701 87,88 %
сомихæгтæ 26 970 3,62 %
украинæгтæ 10 582 1,42 %
адыгъейæгтæ 6309 0,87 %
белорусæгтæ 2098 0,28 %
тæтæйрæгтæ 2007 0,27 %
грекъæгтæ 1509 0,20 %
гуырдзиæгтæ 1489 0,20 %
азербайджайнæгтæ 1417,5 0,19 %
æндæр 14 753 2,04 %
нæ бацамыдтой адæмыхатт 23 160 3,11 %
Æдæппæт сфыст адæм 744 995 100 %

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. Матвеев О.В. Краснодар / председ. Ю.С. Осипов и др., отв. ред. С.Л. Кравец. — Москва: Научное издательство «Большая российская энциклопедия». — Т. 15. Конго - Крещение. — С. 600. — 766 с. — 60 000 экз. — ISBN 978-5-85270-346-0.
  3. Яндекс.Карты-мæ гæсгæ
  4. Эстонцы в Краснодаре. Столица Кубани впервые принимает футбольный матч мирового уровня(недоступная ссылка). newizv.ru (17.11.2004). Датæ: 2010-æм азы 31 майы. Архив 2016-æм азы 8 мартъийы.
  5. Флаг кубанской столицы водрузят на вершине Арарата. РИА «Новый Регион — Кавказ» (11.08.2006). Датæ: 2010-æм азы 31 майы.
  6. Пример употребления термина в нейтральных источниках. rtr.spb.ru (11.12.2006). Датæ: 2010-æм азы 31 майы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  7. Пример употребления термина в нейтральных источниках(недоступная ссылка). avtotransit.ru. Датæ: 2010-æм азы 31 майы. Архив 2011-æм азы 30 ноябры.
  8. Пример употребления термина в нейтральных источниках. bujet.ru (26.02.2007). Датæ: 2010-æм азы 31 майы.
  9. Пример употребления термина в нейтральных источниках. mosintour.ru. Датæ: 2010-æм азы 31 майы.
  10. Примерное описание и краткая история «конфликта» (мнение ростовчан). donnews.ru (10.08.2010). Датæ: 2012-æм азы 19 октябры. Архив 2012-æм азы 20 октябры.
  11. Рейтинг РБК: 25 самых быстрорастущих городов России. // rbc.ru. Датæ: 2015-æм азы 7 декабры.
  12. Генеральный план муниципального образования город Краснодар, утверждённый решением городской Думы Краснодара от 26.01.2012 г. № 25 п.15 . Таблица 17.4.1 Баланс проектируемой территории г.Краснодара с учётом прирезки территорий по общественным слушаниям
  13. Формы рельефа Краснодарского края
  14. 14,0 14,1 Привалова Н.М., Двадненко М.В.1, Шрамко Н.В. Эологическая ситуация в городе Краснодаре // Международный журнал экспериментального образования : Журнал. — Пенза: Издательский Дом «Академия Естествознания», 2016. — № 9—1. — С. 71. — ISSN 1996-3947.
  15. Рейтинг экологического развития городов России 2017(недоступная ссылка). «Министерство природных ресурсов и экологии Российской Федерации». Датæ: 2018-æм азы 3 февралы. Архив 2018-æм азы 18 февралы.
  16. История, достопримечательности, климат, рекреационные и туристические ресурсы, фотогалерея Городов России. Краснодар. personalguide.ru. Датæ: 2011-æм азы 18 майы.
  17. Тхоржевский С. С. Вступительная заметка к путевому дневнику А. А. Эйлера // Звезда. — 2002. — № 1. — С. 88.
  18. Семанов С. Н. Некоторые исторические реалии «Тихого Дона» // Вопросы истории. — 1977. — № 5. — С. 128.
  19. История города Екатеринодара — Краснодара в первой трети XX века(недоступная ссылка). Датæ: 2011-æм азы 8 сентябры. Архив 2017-æм азы 15 октябры.
  20. Екатеринодар в период исторических потрясений первых десятилетий XX в. «Времени мера исполнилась» (М. Волошин)(недоступная ссылка). История города. Екатеринодар.com. Датæ: 2011-æм азы 9 сентябры. Архив 2012-æм азы 11 февралы.
  21. Переименование г. Екатеринодара. Официальный сайт департамента образования и науки Краснодарского края. Датæ: 2010-æм азы 4 декабры. Архив 2011-æм азы 22 августы.
  22. Адыгейская (Черкесская) автономная область // Большая советская энциклопедия, т. 1, М., 1926
  23. Памятник 13 тысячам краснодарцам — жертвам фашистского террора(недоступная ссылка). Датæ: 2016-æм азы 20 июны. Архив 2016-æм азы 6 августы.
  24. Рейтинг городов России по спросу на жильё
  25. Мигранты и рынки труда крупных российских городов: согласование взаимных интересов
  26. Краснодар станет миллионником в ближайшие 5 лет. yuga.ru (20.04.2007). Датæ: 2010-æм азы 16 апрелы.
  27. В Краснодарском крае численность населения за восемь лет выросла на 2 %(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 4 ноябры. Архив 2011-æм азы 5 ноябры.
  28. Население по национальности и владению русским языком по муниципальным образованиям Краснодарского края.