Торнтон, Биг Мамæ
Вилли Мэй Торнтон (англ. Willie Mae Thornton), фæсномæй зындгонддæр куыд Big Mama — у зарæггæнаг, зардджыты автор ’мæ ’ххæстгæнæг блюз æмæ ритм-энд-блюзы стильты. Райгуырдис 1926-æм азы 11 декабры Монтгомерийы, Алабамæйы. Музыкæимæ базонгæ ис баптистты аргъуаны, йæ фыд кæм уыди сауджын, йæ мад та дзы зæлхоры зарыд. Йæхæдæг дæр æмæ йе ’хсæз хо ’мæ æфсымæры дæр иттæг æрæджийауæй райдыдтой зарын. Стыр Мамæ цагъта цалдæр инструментыл, фæлæ уæлдай дæсны æмæ йæ уарзондæр инструмент та уыди былвæндыр (harmonica). Торнтон йæ рæстæджы нымад цыди «здыхст» æххæстгæнæгыл: нæлгоймæгты пысултæ-иу дардта, дымтта, нуæзта æмæ ма афтæмæй (Allmusic-ы ныхæстæ ’рхæсгæйæ) «никæмæй дæлдæр æвæрдта йæхи, æгæр-мæгуыр ма дзы джиранкатæ, хъæз аразгæйæ, иу иннæйы фæдыл куы райдыдтой æзгъæлын, йæ кæддæры хъомысджын фигурæйæ». 1984-æм азы Стыр Мама уыди хуынд Блюзы Кады Залмæ.
Биг Мама Торнтон | |
---|---|
Willie Mae Thornton | |
Иумæйаг информаци | |
Гуырæн ном | англ. Willie Mae Thornton |
Райгуырды датæ | 1926-æм азы 11 декабры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1984-æм азы 25 июлы[1] (57 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | музыкант, зарæггæнæг, зарджыты автор |
Сфæлдыстады азтæ | 1947–1984 |
Инструменттæ | цæвгæ музыкалон инструмент[d] æмæ гармоникæ[d] |
Жанртæ | блюз, ритм-энд-блюз |
Фæсномыгтæ | Big Mama Thornton |
Лейблтæ | Peacock, Arhoolie, Mercury, Pentagram, Backbeat, Vanguard, Ace Records (UK) |
blackpast.org/african-am… | |
Викикъæбицы медиа |
Альбомтæ
ивын- 1965 — Big Mama Thornton in Europe (Arhoolie)
- 1967 — Big Mama the Queen at Monterey (MCA Records)
- 1968 — She’s Back
- 1969 — Stronger Than Dirt
- 1970 — Maybe (Roulette Records)
- 1970 — The Way It Is [live] (Mercury Records)
- 1973 — Saved (Pentagram Records)
- 1975 — Jail [live] (Vanguard Records)
- 1975 — Sassy Mama! [live] Vanguard
- 1978 — Mama’s Pride (Vanguard)
- 1994 — The Rising Sun Collection [live] (Just A Memory Records)
- 2004 — With the Muddy Waters Blues Band 1966 [live] (Arhoolie)
- 2005 — Sassy Mama [Justin-Time] [live] (Just A Memory Records)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Big Mama Thornton // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Spörke M., Spörke M. Big Mama Thornton: The Life and Music (англ.) — 2014. — P. 200. — ISBN 978-0-78-647759-3
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.