Торчынаты Евгени
Торчынаты Алексейы фырт Евгени (райгуырдис 1956 азы 22 августы, Дзæуджыхъæуы — амардис 2003 азы 12 июлы, Бетъырбухы) уыдис уæрæсейаг динзонынады специалист; йæ раиртæстыты сæйраг къабæзтæ уыдысты синологи (китайзонынад), буддологи, Китайы философи æмæ культурæйы истори.
Торчынаты Евгени | |
---|---|
уырыс. Евгений Алексеевич Торчинов | |
Райгуырды датæ | 1956-æм азы 22 августы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2003-æм азы 12 июлы (46 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | динзонынад[d], синологи[d], буддологи[d], китайаг философи[d], Китайы культурæ[d] æмæ философийы истори[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты кандидат[d] (1984) æмæ философон зонæдты доктор[d] (1994) |
Ахуырадон ном | профессор[d] |
Зонадон разамонæг | Ватман, Семён Викторович[d], Меньшиков, Лев Николаевич[d], Никитина, Тамара Никифоровна[d] æмæ Филонов, Сергей Владимирович[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Ватман, Семён Викторович[d] |
Сайт | etor.h1.ru |
Цардафыст
ивынЕвгени райгуырдис 1956 азы 22 августы Дзæуджыхъæуы. Райгуырдæй цъус фæстæдæр йæ бинонтæ ацыдысты цæрынмæ Саратовмæ.
1973-æм азы Торчыны-фырт каст фæцис 67-æм астæуккаг скъола æмæ бацыдис Бетъырбухы паддзахадон университеты скæсæйнаг факультетмæ, китайаг филологийы кафедрæмæ. 1978 азы ссис Дин æмæ атеизмы историйы паддзахадон музейы аспирант. 1981–1984-æм азты уый уыдис уыцы музейы кусæг. 1984 азы Торчыны-фырт райдыдта кусын ССРЦ-йы Зонæдты академийы Скæсæнзонынады институты Ленинграды хайадмæ. Уым ахуыргонд фæкуыста 10 азы.
1994-æм азы Торчынаты Евгени бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Даосизм. Историон-динзонынадон афысты фæлтæрæн». 1998-æм азы уый уыдис БПУ-йы философион факультеты дин æмæ динзонынады философийы кафедрæйы сæргъы. 1999-æм азæй Торчынон уыдисуыцы университеты философион факультеты философи æмæ культурологийы кафедрæйы сæргълæууæг.
Амардис Торчыны-фырт 2003-æм азы 12 июлы.
Торчыноны номарæн бакæстытæ
ивын2004-æм азы 20–21 февралы Бетъырбухы паддзахадон университеты уыдис Торчыноны номарæн фыццаг бакæстытæ «Динзонынад æмæ скæсæнзонынад»-ы темæйыл.