Тохты Дрисы фырт Иван (райгуырдис 1920-æм азы Дæйыхъæуы — амардис 1983-æм азы) уыдис ирон поэт.

Тохты Иван
Райгуырды датæ 1920
Райгуырæны бынат Дæйыхъæу
Мæлæты бон 1983
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Цардафыст

ивын

Тохты Иван райгуырдис Цæгат Ирыстоны Дæйыхъæуы зæхкусæджы хæдзары. 1922-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Бæрæгъуынмæ. Иван ахуыр кодта авдазон скъолайы æмæ педтехникумы. Уый фæстæ куыста райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй. 1942 азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, фæлæ йæ фæстæмæ рарвыстой — фæциc уæззау рынчын æмæ бирæ азты дæргъы, йæхи загъдау, уыд æдзухъом. Йæ уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд рацыдиc 1980 азы, «Азтæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Иваны æмдзæвгæ

ивын
***
Хъысмæтæй чи вæййы æфхæрд,
Æрмæст æм уый æрхæссы азым.
Фæйлауынц бæстыл уалдзæг, сæрд,
Æз та æдзухъомæй дзыназын.
Фæкæнын сагъæстæй æнкъард,
Фæлæ мыл ма фæхуд, ныййарæг.
Зæгъын дын: адджын мын у цард,
У цардæй адджындæр та — зарæг.

Уацмыстæ

ивын
  • Мæ зæрдæйы уаг. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1959;
  • Зыдыка æмæ тæппудтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1963;
  • Смерти не будет. Стихи. Перевод с осетинского. Орджоникидзе, 1963;
  • Дæ бирæ дзæбæхтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1969;
  • Æфсиртæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1976;
  • Азтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1980.

Литературæ

ивын
  • Красовская Г. В строю. «Социалистическая Осетия», 1960, 22 ноября;
  • Дзасохты М. Победивший в борьбе. «Социалистическая Осетия», 1963, 23 дек.;
  • Цæрукъаты А. Æхсардзинады поэзи. «Мах дуг», 1977, № 1.