Тыбылты Леонид
Тыбылты Харитъоны фырт Леонид (райгуырдис 1952-æм азы 28 мартъийы Знауыры районы Уæллаг Дуаны хъæуы) у Хуссар Ирыстоны политик æмæ æхсæнадон архæйæг, 2012-æм азы 19 апрелæй 2017-æм азмæ уыдис Хуссар Ирыстоны æртыккаг президент.
Тыбылты Леонид | |
---|---|
2012-æм азы 19 апрелæй — 2017-æм азы 21 апрельмæ | |
Раздæр чи уыд | Кокойты Эдуард |
Фæстæдæр | Бибылты Анатолий |
Райгуырдис |
1952-æм азы 28 мартъийы (72 азы) |
Парти | |
Ахуырад | Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет |
Дин | Растуырнæг еклези[d] |
Хорзæхтæ | |
Сайт | presidentruo.org |
Хуындад | инæлар-майор[d] |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынАунеуы астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты физикæ-математикæйы факультетмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Уый фæстæ службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, йæ фæллойадон фæндаг райдыдта ахуыргæнæгæй кусынæй. Куыста Знауыры районы Арчънеты хъæуы, Знауыры астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та — йæ директорæй. Стыр аргъ ын кодтой йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр.
1981-æм азæй Леониды бахъуыд рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныны фæдыл йæ куыст ныууадзын æмæ рахызт Паддзахадон æдасдзинады оргæнтæм. Уæдæй фæстæмæ хызт иу бæрнон бынатæй иннæмæ. Каст фæцис ССР Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады комитеты уæлдæр курсытæ Минскы.
1992-æм азы майы мæйы нысан æрцыд РХИ-йы Паддзахады æдасдзинады министрæй. Уыцы азы 14 июлы та йын Уæрæсейы Федерацийы контр-фæдысгæрсты федералон службæ бабæрн кодта гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы барвæтк æмæ сабырад æрфидар кæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты æдасдзинады службæйы разамонæджы хæстæ.
1998-æм азы йын лæвæрд æрцыд æфсæддон цин «инæлар-майор». Уыцы аз нысан æрцыд РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй. Уыцыиу рæстæджы æххæст кодта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдары хæстæ дæр.
Фæстæдæр куыста РХИ-йы Парламенты аппараты, разамынд кодта Æмхæццæ Контролон Къамисы Хуссар Ирыстойнаг хайы аппаратæн, уыдис РХИ-йы сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг.
Тыбылты Леонидæн 2004-æм азы лæвæрд æрцыдис дипломатон ранг «Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын æрвыст минæвар».
Уыдис РХИ-йы Сæйраг Советы дыккаг сæвзæрсты депутат.
2007-æм азы июны — 2009-æм азы онг — «Фыццаг Республикон банк»-ы правленийы сæрдар.