Бибылты Ильяйы фырт Анатолий (райгуырдис Цхинвалы, 1970-æм азы 6 февралы) у Хуссар Ирыстоны 4-æм президент, политик æмæ æфсæддон архæйæг, раздæр парламенты сæрдар[1].

Бибылты Анатолий
2017-æм азы 21 апрелæй — 2022-æм азы 24 майы онг
Раздæр чи уыд Тыбылты Леонид
Фæстæдæр Гаглойты Алан
Райгуырдис 1970-æм азы 6 февралы(1970-02-06) (54 азы)
Парти Иугонд Ир
Ахуырад Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командыгæнæг училище
Хорзæхтæ
Хуындад инæлар-лейтенант[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

1992-æм азы каст фæцис Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командыгæнæг училище, ахуыры дæргъы йæхи хорз равдыста спорты.

1992-æм азы Псковы десанты дивизийы сконды архайдта сабыргæнæг операцийы Хуссар Ирыстоны.

1994-1996 уыдис РХИ-йы иргъæфы министрады сæрмагонд ротæйы командир.

1996-1998 азты куыста Киевы.

1998-æм азæй 2008-æм азы онг службæ кодта, Хуссар Ирыстоны цы цыппарфарсыг сабыргæнæг тыхтæ уыдысты, уыдоны Цæгат Ирыстоны батальоны.

2011-æм азы æвзæрстытæ

ивын

2011-æм азы уыдис Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидаттæй иу, фыццаг туры райста æппæты фылдæр хъæлæстæ (25,44%) æмæ дыккаг турмæ рацыдис[2].

Бибылты Анатолийы фарс президенты æвзæрстыты хæцыдысты раздæры архайгæ президент Кокойты Эдуард[3], политикон парти «Иудзинад» æмæ коммунистон парти[4]. Æвзæрстыты фыццаг туры фæстæ Бибылы-фырты фарс слæууыдысты иуæй-иу раздæры кандидаттæ дæр, уыдоны ’хсæн Хъотайты Алан[5].

2017-æм азы æвзæрстытæ

ивын

Президенты æвзæрстыты фæдыл 2017 азы Бибылы-фырт архайгæ президент Тыбылты Леонидыл фæуæлахиз æмæ райста хъæлæсты 54,8 %[6].

Фиппаинæгтæ

ивын