Тыджыты Арсакъойы фырт Юри (райгуырдис 1934-æм азы Ногиры — амардис 2002-æм азы) у ирон поэт.

Цардафыст

ивын

Тыджыты Юри райгуырди Ногиры зæхкусæджы хæдзары. Каст фæци астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологион факультет. Куыста ахуыргæнæгæй, районы газеты, республикæйы культурæйы министрады, газет «Рæстдзинад»-ы.

Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ. Рауагъта иу дæс чиныджы бæрц. Йæ поэтикон æмбырдгæндты зынгæдæртæ сты «Терчы уылæнтæ» (Орджоникидзе, 1964), «Айнæг» (Орджоникидзе, 1968), «Азæлд» (Орджоникидзе, 1972), «Цæргæсы базыртæ» (Орджоникидзе, 1977).[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012