Уалыты Елиозы фырт Лаврент (райгуырдис 1938-æм азы Хуссар Ирыстоны Уалытыхъæуы) у ирон поэт, чиныгуадзæн «Ир»-ы редактор.

Цардафыст

ивын

Уалыты Лаврент райгуырди Уалытыхъæуы. Бакасти Громы астæуккаг скъолайы. Æртæ азы фæцис æфсады, стæй бацыди Цæгат Ирыстоны Къостайы номыл педагогон институтмæ æмæ райста ахуыргæнæджы дæсныйад. Куыста Олгинскæйы астæуккаг скъолайы, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, Цæгат Ирыстоны радиойы.

Ныртæккæ кусы чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй.

Джиппы рауагъта къорд поэтикон чиныджы. Сæ зынгæдæртæ: «Зæрдæйы уадындз» (Орджоникидзе, 1983), «Артдзæст» (Дзæуджыхъæу, 1994), «Мæ дуне» (Дзæуджыхъæу, 1999), «Дуджыгакк» (Дзæуджыхъæу, 2007).[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012