Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат (Бибо) (райгуырдис 1939-æм азы 15 мартъийы, Ног Бæтæхъойыхъæуы — амардис 2000-æм азы, Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон театр æмæ кинойы актёр.

Уататы Бимболат
Райгуырды датæ 1939-æм азы 15 мартъийы(1939-03-15)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2000-æм азы 9 майы(2000-05-09) (61 азы) кæнæ 2000-æм азы 9 мартъийы(2000-03-09)[2] (60 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад
Професси актёр
Карьерæ 1962
Хорзæхтæ
Хæлардзинады орден
УСФСР-ы адæмон артист УСФСР-ы сгуыхт артист Хетæгкаты Къостайы номыл преми
IMDb ID 0890893

Цардафыст

ивын

Райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Ног Бæтæхъойыхъæуы. Скъолайы фæстæ, 1959-æм азы ссис Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры артист, уый фæстæ бацыдис Б. Щукины номыл Сценаристтæ æмæ режиссёрты уæлдæр курсытæм. Каст сæ фæцис 1964-æм азы.

1969–1975 азты Бибо уыдис киностуди «Таджикфильм»-ы актёр æмæ телефильмты режиссёр. Æдæппæтæй Уатайы-фырт ахъазыдис 200 ролæй фылдæр.

1994–1998 азты Уататы Бибо уыдис Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады сæргъы.

Амардис Уатайы-фырт 2000-æм азы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы.

Артисты ном хæссынц Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны уынгтæ.

Хæрзиуджытæ

ивын
  • Цæгат Ирыстоны адæмон артист;
  • Уæрæсейы адæмон артист;
  • Таджикистаны ССР-ы Рудакийы номыл Паддзахадон преми;
  • Хетæгкаты Къостайы номыл премии;
  • Тæбæхсæуты Балойы номыл преми.
  • Астæуккаг Азийы кинофестивалы (Ашхабад, 1966) нымад æрцыдис хуыздæр нæлгоймаг актёрыл (киноныв «Хасан-арбакеш»).

Зынгæдæр рольтæ

ивын

Театры

ивын
  • Таймураз — Гаглойты Владимиры «Уарзты таурæгъ»;
  • Данко — Тыбылоны «Æхсидгæ зæрдæ» (Максим Горькийы уацмыстæм гæсгæ);
  • Аслæнбег — Саламты Къолайы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»;
  • Сослан Цæразон — Плиты Грисы «Сослан Цæразон»;
  • Дими — Хуыгаты Георы «Фыдæлты намыс»;
  • Чермен — Плиты Грисы «Чермен»;
  • Клавдий — Шекспиры «Гамлет»;
  • Лука — М. Горькийы «Царды бын»;
  • Къарол Лир — Шекспиры «Къарол Лир»;
  • Паддзах Эдип — Софоклы «Эдип-паддзах».

Кинойы

ивын
  • «Чермен» — Чермен;
  • «Рустам и Сухраб» — Рустам;
  • «Именем закона» — Мехман;
  • «Огненные дороги» — Садыкджанбай;
  • «Год дракона» — Махмуд;
  • «Кънйаз Игорь» — Кончак;
  • «Войди в мой дом» — Даароп;
  • «Раненные камни» — Осман

Библиографи

ивын
  • Гудиев Г. Полет орла: в латах и без них: [о Бибо Ватаеве] // Вершины. Владикавказ: Ир. С. 85–89;
  • Бекоева Р. Неправда, что незаменимых людей нет // Слово. 2000. 17 июля;
  • Гокоева К. Год без Бибо (Ватаева) // Северная Осетия. 2001. 8 мая;
  • Томаева А. Твоей судьбы счастливая звезда: Б. Ватаев, лауреат премии Каста // Престиж. Владикавказ: Иристон, 2004. С. 71–106.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Bibliothèque nationale de France Bimbolat Vataev // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.