Удайы бакæлæн (уырыс. Удская губа) у донæфтæны бакæлæн Охотæйы денджызы, Хабаровсчы крайы былгæрон. Йæ дæргъ у 100 км-мæ æввахс, уæрх — 83 км-æй фылдæр, максималон æрфад у 36 м. Æрбаивылдтытæ сты æнæраст, æрдæгсуткæйон.

Удайы бакæлæн
уырыс. Удская губа
Характеристикæ
Донбылы дæргъ100 км
Стырдæр арф36 м
Ран
54°57′12″ с. ш. 135°58′47″ в. д.HGЯO
Хистæр акваториОхотæйы денджыз
Бæстæ
Уæрæсейы Федерацийы субъектХабаровы край
Уæрæсе
Удайы бакæлæн
Хабаровы край
Удайы бакæлæн
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Октябрæй июнмæ бакæлæны дон у ихæмбæрзт. Бакæлæнмæ кæлы цæугæдон Уда (уымæй йæ ном). Удæйы бакæлæнмæ бацæуæнты æрбынат кодтой Шантары сакъадæхтæ. Бакæлæны ис чысыл порт Чумикан (1344 цæрæджы).