Украинаг адæм

(Украинæгтæ-æй æрвыст)

Украинæгтæ (укр. українці) сты славяйнаг адæм, Украинæйы бындурон адæм. Сæ фылдæр цæрынц Украинæйы, Уæрæсейы ис 2,943 милуаны украинаджы (2002). Стыр украинаг диаспорæтæ ма ис АИШ, Канадæ æмæ Бразилийы.

Украинæгтæ
Хином українці
Ахæлиу æмæ нымæц
Æдæппæт: 45 млн.
Иумæйаг информаци
Æвзаг украинаг, уырыссаг
Дин чырыстон дин
Кæй сконды у славяйнæгтæ
Хæстæг адæмтæ уырыссæгтæ, белоруссæгтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

XX æнусы онг украинæгтæ нымад уыдысты уырыссаг адæмы дæлкъордыл, Уæрæсейы империйы хуыдтой сæ «чысылдæр уырыс» (уырыс. малороссы), сæ хином та уыдис «русинтæ» (укр. русини). Европæйы, уæлдайдæр Австри-Венгрийы, æрæх сæ хуыдтой «рутентæ» (лат. Rutheni).

Украинæгтæ сарæзтой хъæздыг æмæ хигъæдон национ культурæ. Сæ динмæ гæсгæ сты чырыстон (уыдонæй фылдæр — цалдæр растуырнæг еклезиты уæнгтæ), бирæтæ сты атеисттæ.

Украинаг адæмы ахæлиу Уæрæсейы

Фиппаинæгтæ

ивын