Умм Кульсум
Умм Кульcум кæнæ Культум (арабб. أم كلثوم, æцæг ном уыдис Фатма Ибрахим аль-Бальтаджи, арабб. فاطمة إبراهيم البلتاجي; 1904-æм азы 4 майы Тамаз эс-Захайрæйы — 1975-æм азы 3 февралы Каиры) уыд Мысыры зарæггæнæг (контральто), зарджыты автор, актрисæ. Йæ амæлæты бонæй бирæ азтæ рацыдис, афтæмæй ныр дæр нымад у XX æнусы араббаг дунейы зынгæдæр зарæггæнæгыл.
Умм Кульсум | |
---|---|
Иумæйаг информаци | |
Гуырæн ном | масри فاطمه ابراهيم السيد البلتاجى |
Райгуырды датæ | 1904 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1975-æм азы 3 февралы[1][2][…] (76 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | зарæггæнæг, актрисæ, киноактрисæ |
Сфæлдыстады азтæ | 1923 — 1975 |
Хъæлæс | контральто[d] |
Жанртæ | Мысыры музыкæ[d] |
Лейблтæ | EMI Classics[d] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Райгуырдис хъæуккаг имамы хæдзары Нилы дельтæйы. Йæ сабибонтæй ахуыр кодта зарын. 1934-æм азы уый зарыдис Мысыры фыццаг паддзахадон радиостанцæйы фыццаг алæвæрды[3]. Уыцы бонæй фæстæмæ дыууисæдз азы дæргъы алы мæй дæр лæвæрдта радиоконцерт.
1944-æм азы къарол Фарук ын радта бæстæйы уæлдæр хæрзиуæг — «Нишан аль-камаль»[4], кæцы айразмæ лæвæрдтой æрмæстдæр къаролы хæстæджытæн æмæ зындгонддæр политиктæн. Иуæй-иу хатт уый зарыдис къаролы мыггагæн сæрмагонд концертты.
Умм Кульсумы сфæлдыстады тæмæн уыд 1950-æм азты, уæлдайдæр Насеры «Сæрибар афицерты» 1952-æм азы революцийы фæстæ. Цалдæр азы дæргъы йæ зарджытæй иу уыдис Мысыры паддзахадон гимн дæр.
1975-æм азы популярон зарæггæнæг куы амардис, йæ мардæвæрæнмæ æрбацыдысты бирæ араббаг паддзахæдты раздзогтæ, Каиры уынгтæм рагуылф кодтой дыууæ милуан адæймагæй фылдæр.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Umm Kulthum // FemBio database (нем.)
- ↑ Om Kalsoum // Store norske leksikon (бук.) — 1978. — ISSN 2464-1480
- ↑ Danielson, Virginia (2001). "Umm Kulthum [Ibrāhīm Um Kalthum]". In Root, Deane L. (ed.). The New Grove Dictionary of Music and Musicians. Oxford University Press.
- ↑ "Egypt's Umm Kulthum hologram concerts to take place at the Abdeen Palace on November 20,21". EgyptToday. 14 November 2020. Retrieved 4 February 2021.