Урубамбæ (цæугæдон)

Урубамбæ (исп. Urubamba) — цæугæдон Перуйы астæуккаг хайы. Йæ дæргъ 725 км. Райдианы хуыйны Вильканотæ, гуыры та Астæуккаг Андыты донхатæн массивы. Йæ дæргъы бæрц йæ мидис нæ ивы æмæ у хæххон цæугæдон, донкъæсæртæ æмæ æхсæрдзæнтимæ. Кæлы арф кæмтты, кæдон дих кæнынц Вилькабамбæйы æмæ Вильканотæйы рæгътæ. Цæугæдон Апуримакимæ баиу уæвгæйæ иумæ раттынц ног цæугæдон Укаяли (Амазонкæйы бассæйнæй). Ивылд вæййы декабыр-февралы. Урубамбæйы рæгъты сæр лæууынц рагон сахар Мачу-Пикчуйы хæлддзæгтæ.

Урубамбæ
исп. Urubamba
Урубамбæ
Урубамбæ
Гуырæн Андтæ
Бассейн Укаяли, Амазонкæ
Дæргъ 725 км