Уыртаты Константин

Уыртаты Барисы фырт Константин (райгуырдис 1965-æм азы 17 июлы Таджикистаны, Душанбейы сахары) у Цæгат Ирыстоны финансты министр. У ирон, ис æм уæлдæр ахуыргонддзинад.

Уыртаты Константины къам

1988 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет. Йæ ахуырмæ гæсгæ куысты экономикæ у йæ дæсныйад.

1994 азы йæ дæсныйад уæлдæр кодта Г. В. Плехановы номыл Уæрæсейаг экономикон академимæ хауæг менеджертæ цæттæ кæныны Центры Мæскуыйы Дæсныйад уæлдæргæнæн институты «Банчы хъуыддаг: валютон-экономикон операцитæ коммерцион банкты», зæгъгæ, уыцы программæмæ гæсгæ.

1984-1988 азты уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студент. 1988-1991 азты уыд ЦИПУ-йы фæскомцæдисы комитеты секретары хæдивæг, секретарь.

1991 азы куыста Цæгат Ирыстоны фæскомцæдисы рескомы идеологион хайады сæрдарæй.

1991-1992 азты уыд Дзæуджыхъæуы чысыл куыстуат «Альянс»-ы директоры хæдивæг.

1993-1994 азты уыд Мæскуыйы ТОО «МИКСТ»-ы генералон директор.

1994-1999 азты куыста Дзæуджыхъæуы Акционерон коммерцион банк «ОсБанк»-ы правленийы сæрдары хæдивæгæй, сæрдарæй.

1999-2000 азты уыд Дзæуджыхъæуы Акционерон коммерцион банк «Регионы Рæзты Банк»-ы (гом Акционерон æхсæнад) правленийы сæрдар.

2000-2002 азты — РЦИ-Аланийы финансты министр.

2002-2004 азты куыста РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй, РЦИ-Аланийы финансты министрæй.

2004 азы 14 сентябрæй фæстæмæ у РЦИ-Аланийы финансты министр.

2005 азы мартъийы Уыртайы-фырты базылын кодтой, футболон клуб «Аланийæн» паддзахадон æхца кæд радта, уый тыххæй. Уыртайы-фырт, дам, клуб хъалонтæ фидынæй йæхи къухæй суагъд кодта.

Æддаг æрмæг

ивын