Фавр де Вожла, Клод
Клод Фавр де Вожла (фр. Claude Favre de Vaugelas, 1585—1650) уыди Францаг академийы «уæнг-бындурæвæрæг», разамынд лæвæрдта академион дзырдуат аразджытæн. Вожла уыди XVII æнусы францаг классицизмы æгъдауæвæрджытæй иу. Клод уыдис Антуан Фавры фырт.
Клод Фавр де Вожла | |
---|---|
фр. Claude Favre de Vaugelas | |
Райгуырды датæ | 1585-æм азы 6 январы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1650-æм азы 26 февралы[2][3] (65 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | грамматик, лексикограф, ивæг, тæлмацгæнæг |
Уацмысты æвзаг | францаг[5] æмæ италиаг |
Викикъæбицы медиа |
Йæ куыст «Мæ фиппайæнтæ францаг æвзаджы тыххæй»-йы (фр. Remarques sur la langue française, 1647) Вожла тырны францаг æвзаг ссыгъдæг æмæ суæздан кæнынмæ. Йе ’гъдæуттæ Вожла райста, «галуанон æхсæнадмæ» (уырыс. придворное общество) æмæ «тæккæ зындгонддæр фысджытæм» фæтчиагыл нымад чи уыди, ахæмтæ.
Вожлайы уацмыстæ систы цæвиттойнаг. Суанг Корнель дæр рæстытæ кодта йæ трагедитæ Вожламæ гæсгæ. Клод ма у Квинт Курцийы тæлмацгæнæг — афтæмæй райдыдтой йæ лингвистикон иртасæнтæ.
«Фиппайæнтæ» мыхуыры рацыдысты 1884-æм азы.
Уæрæсейы Вожлайы куыстытæ тынг сахадыдтой литературон æвзаджы теоретиктæ Тредиаковский æмæ Ломоносовыл.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Claude Favre Seigneur de Vaugelas Baron de Perouges // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ 2,0 2,1 Claude Favre Vaugelas // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Claude,baron de Pérouges, seigneur de Vaugelas dit Vaugelas Favre // Annuaire prosopographique : la France savante / ред. B. Delmas, Р. Матис — 2009.
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ CONOR.Sl