Киреев, Феликс Сергейы фырт
Киреев Феликс Сергейы фырт (райгуырдис 1972-æм азы 10 июны Дзæуджыхъæуы[1]) у Цæгат Ирыстоны зындгонд историк æмæ журналист, Дзæуджыхъæуы топонимикæйы къамисы уæнг[2], Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы епархийы къæнцылары сæргълæууæг[3].
Феликс Сергейы фырт Киреев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1972-æм азы 10 июны (52 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | истори |
1989-æм азы каст фæцис астæуккаг скъола №15. 1990-æм азы бацыдис ЦИПУ-йы историон факультетмæ. 1996-æм азæй куыста стажёр-иртасæгæй Цæгат Ирыстоны гумманитарон æмæ социалон иртасæнты институты[1].
1997-æм азæй райдыдта йæ уацтæ уадзын газетты. Фыццаг куыста газет «Слово-Ныхас»-ы уацхæссæгæй, стæй редакци кодта газет «Терский казак» (Терчы хъазахъхъ). У Уæрæсейы журналиссты цæдисы уæнг.
Бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци теркаг хъазахъхъæгты тыххæй[4][3]. Бацæттæ кодта æртæ зонадон-популярон чиныджы: «Участие терских, кубанских и уральских казаков в наступлении 1916 года» (иннæ автортимæ), «По улицам Владикавказа» æмæ «Герои и подвиги». Æххуыс кæны «Зæронд Дзæуджыхъæу» (Старый Владикавказ), зæгъгæ, уыцы интернет-проектæн[5].
2017-æм азы хорзæхджынгонд æрцыдис «Ирыстоны кадæн» майданæй[3].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 История Владикавказской епархии. Киреев Феликс Сергеевич (уырыс.)
- ↑ Osradio.ru. На доме, в котором жил Булгаков во Владикавказе, появилась мемориальная доска. «Комментирует член городской топонимической комиссии, историк Феликс Киреев...»
- ↑ 3,0 3,1 3,2 ЗАВЕДУЮЩИЙ КАНЦЕЛЯРИЕЙ ВЛАДИКАВКАЗСКОЙ ЕПАРХИИ ФЕЛИКС КИРЕЕВ НАГРАЖДЕН МЕДАЛЬЮ «ВО СЛАВУ ОСЕТИИ»
- ↑ Феликс КИРЕЕВ, историк Терского казачества (интервью) (уырыс.)
- ↑ http://oldvladikavkaz.ru Архивгонд æрцыдис 5 октябры 2012 азы.