Фетх Али-сах
Фатх Али сах (1772-æм азы 25 сентябры — 1834-æм азы 24 октябры) уыд Хъаджарты династийы дыккаг Ираны сах. Сахы бынатмæ бацыд йæ фыдыфсымæр Агъа Мухаммад ханы мæлæты фæстæ 1797 азы.
Фетх Али-сах | |
---|---|
перс. فتحعلی شاه | |
Персы сах
|
|
1797 — 1834 | |
Раздæр чи уыд | Агъа Мухаммад хан |
Фæстæдæр | Мохаммед-сах |
Райгуырдис |
1771[1] |
Амардис |
1834-æм азы 23 октябры |
Ныгæныны бынат | |
Мыггаг | Хъаджарты династи |
Фыд | Хусейн-кули хан |
Мад | Асийе-ханум Эззеддин Каджар[d] |
Æмкъай | Агабеим-ага |
Сывæллæттæ | Аббас-Мирза, Хасан Али Мирза, Аликола Мирза Каджар |
Дин | пысылмон дин |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ æлдариуæджы рæстæг Иранмæ æрбабырстой колониалон империтæ: Франц, Стыр Британи æмæ Уæрæсе. Фатх Али сахæн ахæм хъару нæ разынди, уыдонæн ныхмæлæууыд скæнынæн, афтæмæй йæ бахъуыди цалдæр æнæпайда бадзырдыл йæ къух æрæвæрын (уыдоны ’хсæн Гуырдзыстоны тыххæй бадзырд).
Фатх Али сах тынг уарзта аивад æмæ йæ разтыл зылдта. Йæ æлдариуæджы рæстæг Ираны аивады уыд сæндидзæны дуг (Базгашт хуыины).
Фатх Али сахæн уыди 158 усы, уыдонæй та 260 сывæллоны. Уымæй йæ династийæн æцæг бындур сæвардта.
Æддаг æрмæг
ивын- Сахы сурæт (англ.)