Фландри
Фла́ндри (нидерл. Vlaanderen) кæнæ Фламандаг регион (нидерл. Vlaams Gewest) у Бельгийы цæгатаг регион. У федерацийы субъект.
Регион | |||||
Фламандаг регион | |||||
---|---|---|---|---|---|
нидерл. Vlaams Gewest | |||||
|
|||||
51°00′ с. ш. 4°30′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Бельги | ||||
Админ. центр | Брюссель | ||||
Сæргълæууæг | Ян Ямбон[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрды датæ | 1980-æм азы 8 августы | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | CET (UTC+1, сæрды UTC+2) | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Официалон æвзаг | нидерландаг æвзаг | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | BE-VLG | ||||
Официалон сайт(нид.)(фр.)(нем.)(англ.) | |||||
Историон литературæйы уыцы номæй ма хуыдтой, ныртæккæ чи нал ис, уыцы Фламандаг герцогад. Хъæуы ма бафиппайын уый æмæ Фландрийы æмæ Фламандаг герцогад территоритæ æмхуызон не сты. Зæгъæм, Фламандаг герцогады сконды уыди ма ахæм зæххытæ, ныртæккæ Францмæ (Францы Фландри) æмæ Нидерландтæм (Зеландийы Фландри) чи хауы, уыдон.
Административон дих
ивынФландри дихгонд у фондз провинцийыл:
Провинцитæ та сæхæдæг дихгонд сты муниципалитеттыл.
Брюселы сахары зылд у, Фламандаг Брабанты арæнты мидæг чи ис æмæ Фламандаг зылдмæ чи нæ хауы, ахæм анклав. Фæлæ уæддæр Брюссель у Фландрийы сæйраг сахар. Уыимæ ма Фландрийы хицауады дæлбар сты, нидерландаг æвзагæй пайда чи кæны, Брюсселы уыцы кусæндæттæ (скъолатæ, культурон уагдæттæ).
Политикæ
ивынБельги федераци куы сси, уæд Фландри нымад æрцыд, хи хицауад, парламент æмæ бюджет кæмæн ис, ахæм автономон субъектыл. Регионы иунæг официалон æвзаг у нидерландаг, кæд æмæ цалдæр муниципалитеты административон хъуыддаджы гæххæтыты ис пайдагæнæн францаг æвзагæй дæр.
Фламандийы парламент (нидерл. Vlaams Parlement) æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æппæтон æмæ комкоммæйы ’взæрстыты фæрцы (æвзарыны бар ис æрмæст Фландрийы æдзух чи цæры, Бельгийы уыцы æмбæстонтæн). Фламандаг парламент аразы регионы хицауад.
Культурæ
ивынФландрийы райгуырдысты æмæ фæцардысты бирæ зындгонд нывгæнджытæ, уыдонимæ Рубенс, Якоб Йорданс, Адам ван Норт, Ф. Снейдерс, Ян Брейгель, Ван Дейк æмæ æндæртæ.