Принцессæ Донателлæ Флик (чындзаг уæвгæйæ — Принцессæ Донателлæ Мисикофф) у немыцаг филантроп, немыцаг хъæздыг индустриалисты Фликы мыггаджы минæвары Герт Рудольф Фликы раздæры ус.

Донателлæ Флик
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Архайды хуыз æхсæнадон гоймаг

Йæ равзæрдмæ гæсгæ у Мысыккаты Мæхæмæты фырт ирыстойнаг Жорж Мисикофф æмæ йæ мад, Италийы бæстаджы чызг, æмæ принц Олег Мисикоффы хо. У Ромы Университеты философийы факультеты рауагъдон æмæ Италийы олимпаг æмбырдоны раздæры уæнг (гимнастикæ).

Смой кодта Герт Рудольф Фликмæ (бæрæг у куыд «Мак Флик» дæр), кæцы у немыцаг стыр сæудæджергæнæг æмæ хæстон фыдгæнæг Фридерик Фликы фырты фырт, фæлæ 1997-æм азы сæ къайад хъæлæбагæнгæ фехæлдтой.

1990-æм азы бындур æрæвæрдта Донателлæ Фликы дирижёрты конкурс æрыгон оркестрон дирижёртæн сæ æхсæнадæмон карьерæйы суæвынæн.[2] Æнæуый зынгæ у йæ æндæр филантропон архайды руаджы, цæвиттон, медикон хорзгæнæг уагдæттæн æххуыс.

2006-æм азы Италийы Республикæйæ хорзæхджын æрцыд «Commendatore» номæй æмæ 2007-æм азы сси преми Montblanc de la Culture Arts Patronage Award-ы лауреат, кæцы райста куыд «аивæдты сгуыхт аудæг, кæцыйы сæрмагонд цæстдарддзинад æмæ йе’ нтыстытæ стыр разыдзинады аккаг сты».[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Financial Times (англ.)Nikkei Inc., 1888. — ed. size: 111898 — ISSN 0307-1766; 1476-8844
  2. Donatella Flick Conducting Competition
  3. Montblanc: Montblanc de la Culture Arts Patronage - 2007(недоступная ссылка). Датæ: 2014-æм азы 8 сентябры. Архив 2011-æм азы 27 сентябры.

Æрвитæнтæ

ивын