Хæуытаты Агуыбейы фырт Къоста (райгуырдис 1934-æм азы Хъæдгæроны) у ирон поэт.

Цардафыст ивын

Каст фæцис Хъæдгæроны астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ хъысмæт сбаста æфсадимæ. Ссис булкъон, полчъы командир. Арæхстджын æфсæддон разамонæг кæй уыд, йæ хæстæ хорз кæй æххæст кодта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыди къорд хæрзиуæджы.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта æрыгон лæппуйæ. 1997 азы Дзæуджыхъæуы чиныгуадзæн «Аланыстон»-ы рацыд йæ поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Сагъæссаг уарзт».[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012