Халсаскъ
Халсаскъ, хонынц ма йæ халсаст дæр (лат. Vitex agnus-castus) у къутæр-бæлас. Зайы Цæгат Африкæйы, Хуссар Европæйы, Астæуккаг Азийы, Фæскавказы, Ираны, Афгъанистаны, Индийы, Китайы, Индонезийы.
Халсаскъ | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
|
||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Vitex agnus-castus L. | ||||||||||||||
|
Халсасчъы дидинджытæ сæ формæмæ гæсгæ сты къабайы хуызæттæ, уымæ гæсгæ ма сæ хонынц чындзыкъабатæ, хонынц ма сæ чындзытæ дæр, кæнæ донычындзытæ, кафаг кæрдæг.
Литературæ
ивын- Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.