Хуыгаты Доментъи
Хуыгаты Зурабы фырт Доментъи (райгуырдис 1880-æм азы Часавалы хъæуы, ныр Хуссар Ирыстоны) уыди æфсæддон, æхсæнадон архайæг, Ногиры хъæуы бындурæвæрæг.
Хуыгаты Доментъи | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1883 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1976 |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | арми[d] |
Тохтæ |
Йæ хæстон архайд
ивынУ 1904-1905-æм уырыссаг-япойнаг хæсты архайæг. Ацы рæстæджы йын лæвæрд æрцыд IV-æм къæпхæны Гиоргийы дзуар. Фыццаг Æппæтдунеон хæсты архайæг дæр уыд. Тох кодта Хуссар-ныгуылæн фронты. Райста II-æм æмæ III-æм къæпхæны Гиоргийы дзуæрттæ. Хæст фæци унтер-афицеры цинимæ.
Хæсты фæстæйы азтæ
ивынФронтæй раздæхыны фæстæ архайдта Мидхæсты. 1921-æм азы Гуырдзыстоны меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ бабырстысты. Геноцидæй сæхи фервæзын кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ Дзæуджыхъæуы цæгатварс бындур æрæвæрдтой Ногиры хъæуæн. Йæ бындурæвæрæг æмæ хъæуы æххæстгæнæг комитеты фыццаг разамонæг уыди Хуыгайы-фырт.
Æддаг æрмæг
ивын- Хуыгаты Доментийы тыххæй(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)