«Хъæлдзæг пренык» (уырыс. Весёлый пряник) — уæрæсейаг хойраджы компани. У кæрдзынфыцæн Тольяттийы, имбирджын печенийы фыццаг ахадæг Уæрæсейы[1][2].

Истори

ивын

Компани бындурæвæрд æрцыд 2010-æм азы Самарæйы облæсты бухгалтер Сания Фёдоровайæ.

Исдуг Уæрæсейы имбирджын печенийы ахадæг фирмæтæ нæ уыдысты[3]. Ацы продукци тынгдæр импортгонд цыди Польшæ æмæ Швецийæ[4] æмæ уыди зынвадат æлхæнджытæн[5].

2010-æм азы Сания Фёдорова бакуыста Уæрæсейы ахæм кæрдзынфыцæны аразыны фыццаг проект[6] æмæ æххуыс райста Самарæйы облæсты администрацийæ. Æрдæгавтоматизацигонд кондад кусджытæй уæлдæр квалификаци нæ домдта, æмæ æмкусджыты нымæцæй фылдæр хай (90 %-мæ æввахс) сты инвалидтæ, пенсиисджытæ, аууон æмæ фæсаууон ахуырады формæты студенттæ.[7].

2011-æм азы проект «Хъæлдзæг пренык» рамбулæг сси æппæтуæрæсеон проектты ерыс «Социалон амалиуæгдар»-ы, кæцы организацигонд æрцыд фонд «Нæ фидæн»-æй [8]. Куыстуат уадзы иу мæйы имбирджын печенийы 2 тоннæйы бæрц. Печени «Хъæлдзæг пренык» уæй вæййы 400 дуканиты Самарæйы облæсты, уыйеддæмæ Пензæйы, Саратовы æмæ Ульяновскы[9]. Имбирджын печенийы аргъ Самарæйы фæкъаддæр ис 3 хатты фирмæйы куысты райдæйæнæй фæстæмæ. [10]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Себе и людям
  2. Весёлый пряник(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  3. Себе и людям
  4. Имбирная сказка города Тольятти(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  5. Кондитерское производство «Весёлый пряник» г. Тольятти
  6. Весёлый пряник(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  7. Имбирная сказка города Тольятти(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  8. Имбирная сказка города Тольятти(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  9. Первоклассники Самарской области получили в подарок печенье «Весёлый пряник»(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  10. Имбирная сказка города Тольятти(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2015-æм азы 18 майы.