Хъауыраты Дауыр (æцæг ном у Дзиойты Хъауырбеджы фырт Дауырбег; райгуырдис Заманхъулы 1942-æм азы) у ирон поэт.

Хъауыраты Дауыр
Райгуырды датæ 1942
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Цардафыст

ивын

Хъауыраты Дауыр райгуырдис Заманхъулы 1942-æм азы. Астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты, каст дзы фæци цыппар курсы. Куыста Кировы районы газет «Размæ»-йы редакцийы, стæй трест «Хъæуарæзтад»-ы хæдзарады сæргълæууæгæй.

Дауыр фыссы æмдзæвгæтæ, хъæлдзæг радзырдтæ, цалдæр чиныджы рауагъта сабитæн. Йæ уацмыстæ арæх фæзынынц «Мах дуджы», «Ногдзау»-ы, «Рæстдзинад»-ы æмæ кæсджыты зæрдæтæ балхæнынц сæ хъæздыг нывæфтыд æвзагæй, ахадгæ хъуыдытæй, рæстдзæвин юморæй, æнæхæрам, цардуарзон иронийæ.

Æрвитæнтæ

ивын