Цæрукъаты Владимир

Цæрукъаты Ибрагимы фырт Владимир (райгуырдис 1929-æм азы Хъарман-Сындзыхъæуы — амардис 2005-æм азы) у ирон поэт.

Цардафыст ивын

Цæрукъаты Владимир райгуырди Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы. Ахуыр кодта астæуккаг скъолайы, стæй та Цæгат Ирыстоны пединституты историон-филологион факультеты.

Куыста ахуыргæнæгæй, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй. Йæ фыццаг уацмыстæ мыхуыры фæзындысты 1950-æм азты райдайæны. Фыссы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ — сæйраджыдæр сывæллæттæн. Рауагъта 20 чиныгæй фылдæр. Йæ поэтикон уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд «Мæн цы фæнды» рацыди 1979 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы.

Владимиры мад Агъниан уыди дæсны таурæгъгæнæг, йæхæдæг дæр адæмон сфæлдыстады бындурыл хъуыды кодта уацмыстæ. Уыдон ныффыссыныл æмæ бабиноныг кæныныл бирæ бакуыста Владимир.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012