Цъуй
Цъуй, дыгур. тæкъузгæ (лат. Sorbus, уырыс. Рябина) у дыргъхæссæг бæлас.
Цъуй | ||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||
|
||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||
Sorbus L., 1753 | ||||||||||||
|
Цæгат Кавказы ис цъуйы 8 хуызæй фылдæр. Бæласы дæргъ у 15-20 метры бæрц. Урс дидинæг æфтауы. Дыргътæ радты 7-8 аздзыдæй. Фæзайы 150-200 азы.
Дыргътæ сты сырх, фæлæ ис ахæм цъуй дæр, кæмæн йæ дыргътæ сты бур кæнæ урс (зайынц Китайы, фæлæ уырдыгæй ластæсты дунейы алы къумтæм дæр). Цъуйы дыргътæй пайда кæнынц куыд медицинон, афтæ алыхуызон адæмы пайдайæн.