Цъхъалтъубо (гуырдз. წყალტუბო) у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, Цъхъалтъубойы муниципалитеты административон центр; лæууы Кутаисæй цæгат-ныгуылæнырдыгæй 9 километры æддæдæр.

Сахар
Цъхъалтъубо
гуырдз. წყალტუბო
42°19′35″ с. ш. 42°36′02″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Регион Имерет
Муниципалитет Цъхъалтъубойы муниципалитет
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 11 281 адæймаджы (2014)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +995 436
Посты индекс 5400
tskaltubo.gov.ge
Цъхъалтъубо (Гуырдзыстон)
Цъхъалтъубо (Имерет)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цæры дзы 11 281 адæймаджы (2014 аз).[1]

Сахары ис æфсæнвæндаджы станцæ.

Цъхъалтъубо у бальнеологион курорт. Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1926-æм азы. Йæ сæйраг æрдзон дзæбæхгæнæн фактор у, сæ физикон-химион миниуджытæм æмбал зын ссарæн кæмæн ис, ахæм термалон (33–35 градусы) суардæттæ.

Советон заман курортæн уыди æппæтцæдисон статус, арæзт дзы æрцыди цалдæр дынджыр санаторийы. Сахары ис футболон клуб «Самгурали». Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1945-æм азы.

Инфраструктурæ

ивын

Цъхъалтъубойы курорт саразыны фыццаг проект конд цыди 1932–40 азты (архитектор — Н. П. Северов). 1950–51 азты генералон пъланмæ гæсгæ (архитектортæ И. Заалишвили и В. Кедиа) курорт хъуамæ арæзт цыдаид цæгæнгæс схемæйы хуызы.

ССР Цæдисы фехæлды агъоммæ Цъхъалтъубойы куыстой цалдæр комбинаты æмæ заводы.

Æрдзон уавæртæ

ивын

Сахар лæууы Колхидæйы дæлвæзы скæсæйнаг къуылдымджын кæроныл, цæугæдон Цъхъалтъубойы атагъайы. Сахармæ цæгат-скæсæнырдыгæй æнгом хæстæг сты Стыр Кавказы Самгуралы æфцæджы къабæзтæ.

Сахары алфамбылай цы къуылдымтæ ис, уыдоныл зайынц сыфтæрджын хъæдтæ (тулдз, тæрс, фатхъæд) æмæ æнусонцъæх цъыхырытæ. Курорты парчы зайы субтропикон флорæйы зайæгойты 100 хуызы.

Цъхъалтъубойы бæстыхъæд у субтропикон уымæл. Зымæг у фæлмæн æмæ саузым. Январы рæстæмбис температурæ у +5 C°. Сæрд дзы вæййы тынг хъарм æмæ хурджын, августы рæстæмбис температурæ у +24 C°.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014. საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 7 ნოემბერი, 2016.