Цыбырты Христофор
Цыбырты Тадиозы фырт Христофор уыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты директор, стæй, уыцы институт университет куы сси, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор.
Цыбырты Христофор | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1908 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1975 |
Мæлæты бынат |
Цардафыст
ивынЦыбырты Христофор райгуырдис 1908-æм азы Хуссар Ирыстоны, Чеселтгомы. 12 азы йыл куы сæххæст, уæд гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссарыл арт бандзæрстой, æмæ Христофоры бинонтæ дæр фæлыгъдысты Цæгатмæ, æрбынат кодтой Ногиры. Скъола каст куы фæци, уæд Христоформæ фæзынди Хъобангоммæ Джызæлдоны гидроэлектростанцæйы арæзтадмæ ацæуыны фæнд. Йемæ ахуыдта хъæуы лæппутæй цалдæры. Уыцы аз (1927), арæзтады кусгæйæ, бацыди фæскомцæдисы рæнхъытæм[1].
1931 арвыстой йæ Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ. 1939 азы Христофор æрыздæхт Ирыстонмæ уæлдæр ахуыргонддзинады тыххæй дипломимæ. Уыцы аз скуыста педагогон институты. Хæсты фæстæ ногæй скуыста институты, партийы историйы кафедрæйы. 1946 азы октябры Цыбыры-фыртмæ фæсидтысты партийы Цæгат Ирыстоны обкоммæ æмæ снысан кодтой облæстон партион скъолайы разамонæгæй. 1952 азы апрелы Цыбыры-фырт ракуырдта, цæмæй йæ партийы обком уыцы куыстæй рауагътаид, æмæ ногæй раздæхти педагогон институтмæ. Уыцы аз 30 декабры ССР Цæдисы Уæлдар ахуырады министрады приказмæ гæсгæ уый сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институты директор[1].
1953 Цыбырты Христофор сси историон зонæдты кандидат.
1969 азы йæ къухы бафтыд педагогон институты бындурыл паддзахадон университет (ЦИПУ) саразын. Уæд университеты фæзынди дыууæ ног факультеты: экономикон æмæ юридикон[1].
Христофоры тыххæй Мæхæмæтты Ахуырбег, ЦИПУ-йы уæды ректор, 1998 азы фыста: «Цыбырты Христофоримæ царды фæзилæнтæ æмæ фæхæрдгæнæнты цы бирæ мингай адæймæгтæ фембæлд, уыдон ииуылдæр хорз зыдтой æмæ зонынц, уый кæй уыдис раст, сыгъдæгзæрдæ фæллойгæнæг. Уæлæнгæйтты куыстытæ, ам тъæпп — уым тъæпп никуы уарзта. Цыфæнды хъæугæ хъуыддаджы дæр-иу бавæрдта йæ зонд, йæ зæрдæ, йе ’нæниздзинады къæртт. Уартæ Хъобангомы адæмæн рухс радтыныл удуæлдайæ куы куыста, уæдæй фæстæмæ»[1].
Цыбырты Христофор фæзиан 1975 азы 25 декабры.