Чакалтайæ
Чакалтайæ (исп. Chacaltaya, кечуæ Chakaltaya, айм. Chaqaltaya) — хæххон рагъ цъитийымæ Боливийы, йæ бæрзонд хæццæ кæны 5421 м, зыны дзы цад Титикакæ. Цъупп æвæрд у 30 км сахар Ла-Пасæй. Чакалтайæ у Хуссар Америкæйы хæхтæй уæлоздæртæй иу, йæ цъити фыццæгтæй райдыдта тайын боныхъæды ивды тыххæй. Цъити сæвзæрыдис 18 милуан азы размæ, фæлæ 1980-æм азæй райдыдта тайын æмæ дзы фæцух ис 80 %. Æнхъæл сты æмæ 2010-æм азы кæронмæ цъити æнæхъæнæй фесæфдзæн.[1]
Чакалтайæ | |
---|---|
![]() Чакалтайæйы цъупмæ бакаст | |
Бæрзæнд | 5421 м |
Бынат | Боливи |
Хохы рагъ | Андтæ |
Координатæтæ | 16°21′12″ ю. ш. 68°07′53″ з. д.HGЯO |
Тип | Хæххон рагъ |
Хæххон курортИвын
Хох Чакалтайæ у иунæг лыжæты курорт Боливийы. Ай у цæгатагдæр курорт Хуссар Америкæйы, рæтæн фæндагæй лæггадгонд кæм цæуы ахæм курорттæй тæккæ уæллоздæртæй иу, у тæккæ хæстæгдæр экватормæ. 1939-æм азы ам сарæзтой Хуссар Америкæйы фыццаг бугелон хæрдмæисæн (уырыс. подъемник) автоматикон тырнæнимæ. Тынг уазал боныхъæды тыххæй зымæджы хæрдмæисæн ноябрæй мартъимæ кусы афтиддæр фæлладуадзæн бонты. Курорт сарæзта æмæ ныры онг дары Club Andino Boliviano, фæлæ глобалон фæхъармы тыххæй дæлдзырæтты азон нымæц бирæ фæкъаддæр æмæ хæххон лыжæты спортæн бæзгæ бынæттæ дзæвгат фæкъуындæг сты.[2]
ОбсерваториИвын
5220 м бæрзæндыл лæууы Чакалтайæйы астрофизикон обсерватори (исп. Observatorio de Física Cósmica), пайда дзы кæнынц æнæхъæн дунейы бирæ университеттæ. Ацы обсерватори ахсы ахъаззаг бынат Гамм рухскалды иртасыны.[3]
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Farewell to a melting glacier BBC News. Бæрæггонд æрцыд 2008-07-22.
- ↑ Bolivian ski resort facing a snowless future International Herald Tribune. Бæрæггонд æрцыд 2008-07-22.
- ↑ Developing Basic Space Science World-Wide: A Decade of Un/Esa Workshops Бæрæггонд æрцыд 2008-07-22.