Чехойты Сæрæби
Чехойты Шамилы фырт Сæрæби (райгуырдис 1916-æм азы Бадыхъæуы — амардис 1969-æм азы) у ирон поэт.
Цардафыст
ивынЧехойты Сæрæби райгуырди Цæгат Ирыстоны Бадыхъæуы. 1925 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Бæрæгъуыны хъæуы. Сæрæби скъола каст куы фæци, уæд бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Диплом райста 1939 азы.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Фæци цалдæр цæфы. Хæстæй куы сыздæхт, уæд куыста ахуыргæнæгæй, скъолайы директорæй, куклаты театры директорæй, æндæр бынæтты. 1947 азы йæ æнаххосæй æрцахстои, æмæ ахæстоны фæбадти 1954 азы онг.
Сæрæбийы уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд рухс федта 1993 азы Дзæуджыхъæуы, йæ ном: «Æргом зæрдæ».[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012