Чжуанæгтæ, чжуан (чжуан. Bouxcuengh [poːu˦˨ ɕeŋ˧]; кит. 壮族, пиньинь Zhuàng Zú) — Хуссар Китайы бындурон адæмтæй иу, у Китайы 56 официалон этникон къордæй тæккæ стырдæр. Æдæппæт чжуанæгты нымæц у 16 178 811 адæймаджы (2000-æм азы сфыст). Чжуанæгтæ цæрынц Гуансийы провинцийы (14,24 млн ад., уыдонæй фылдæр Гуанси-Чжуаны автономон районы), стæй Юньнань (1,14 млн) æмæ Гуандуны (570 мин).

Чжуанæгтæ
Хином Bouxcuengh
Ахæлиу Китай (Гуанси-Чжуаны автономон район)
Æвзаг чжуанаг æвзаг
Дин буддизм, даосизм, традицион дин
Хæстæг адæмтæ буи
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чжуанæгтæй бирæ цалдæр æвзагыл дзурынц: чжуанаг æвзаджы йеддæмæ зонынц китайаг æвзаг (йæ кантонаг формæйы), мяо, яо æмæ дунаг æвзæгтæ.

Литературæ

ивын
  • Народы Восточной Азии, М.—Л., 1965.
  • Итс Р. Ф., Этническая история юга Восточной Азии, Л., 1972.
  • А. М. Решетов Чжуан // Народы и религии мира / Глав. ред. В. А. Тишков. М.: Большая Российская Энциклопедия, 1999.