Швецийы кронæ
(Шведаг кронæ-æй æрвыст)
Швецийы кронæ (швед. krona, kr) у Швецийы националон валютæ. ISO 4217 код у SEK. 1 кронæ = 100 эре (швед. öre).
Кронæ зилдухмæ бацыдис 1873-æм азы Скандинавийы валютон цæдисы фæзынды фæстиуæгæн æмæ баивта бæстæйы раздæры валютæ — риксдалер. Дани, Норвеги æмæ Швецийы территорийыл зилдух-иу кодта иумæйаг валютæ суанг Фыццаг дунеон хæсты онг. Уый фæстæ валютон цæдис фехæлдис æмæ йæ раздæры уæнгтæ сæхи валютæтæ уадзын байдыдтой, уыдонæй алчидæр дарддæр йæ кронæ хуыдта, афтæмæй. Кæс Данийы кронæ, Исландийы кронæ, Норвегийы кронæ.
Кæд Швеци Европæйы Цæдисы уæнг у, уæддæр евромæ йæ валютæ нæ раивта.