Шинкуба Василийы фырт Баграт (абх. Баграт Уасыл-иҧа Шьынқәба; 1917-æм азы 12 майы, Кодоры зылд, Члоуы хъæу — 2004-æм азы 25 февралы, Сухум) уыди абхазаг фыссæг, поэт, политик. 19581979-æм азты куыста Абхазы АССР-ы Уæлдæр Советы Сæрдарæй. Уымæй уæлдай зындгонд у куыд историк æмæ лингвист, абхаз-адыгаг æвзæгтæ æмæ абхаз-адыгаг адæмтæ иртасæг.

Баграт Шинкуба
абх. Баграт Уасыл-иԥа Шьынқәба
Райгуырдис 1917-æм азы 12 майы(1917-05-12)[1]
Амардис 2004-æм азы 25 февралы(2004-02-25)[1] (86 азы)
Ныгæныны бынат
Парти
Ахуырад
Хорзæхтæ
Социалистон Фæллойады хъайтар
Ленины орден Ленины орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Адæмты хæлардзинады орден медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» орден «Честь и слава»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Литературон сфæлдыстад

ивын

Баграт Шинкуба у бирæ зындгонд уацмысты автор, уыдоны ’хсæн: роман «Последний из ушедших» (ныхас дзы цæуы, XIX æнусы Туркмæ чи алыгъди æмæ æцæгæлон бæсты туркæгты астæу чи батади, уыцы убыхаг адæмы тыххæй; сæйраг геройы прототип у убыхагау чи дзырдта, уыцы фæстаг адæймаг Тевфик Есенч), поэмæ «Песнь о скале», бирæнымæц æмдзæвгæтæ (уыдоны ’хсæн, æгас Абхазы хъуыстгонд чи у, уыцы «Калыбельная махаджиров»).

Хорзæхтæ

ивын

Шинкуба уыди Социалистон Фæллойы Хъайтар æмæ Дмитрий Гулиайы номыл премийы лауреат.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Bagrat Shinkuba // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Шинкуба Баграт Васильевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.